Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр зынгирвæзтты нымӕц

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны фӕфылдӕр зынгирвæзтты нымӕц
Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр зынгирвæзтты нымӕц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хæйтты кусджытæ къуырийы дӕргъы 12 хатт ацыдысты зынгирвæзты ныхмæ тохмæ.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногæй фӕфылдӕр ис зынгирвæзтты нымӕц. Къуырийы дæргъы банысан æрцыд 12 зынгирвæзты, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады.

2015 азы сæрды банысангонд æрцыд зынгсирвæзтты бирæ нымæц, уыдон расайдта дæргъвæтин рæстæг æнтæф боныгъæд. Мæйы дæргъы сыгъдхуыссынгæнæн службæтæ ссыгъдты бынæттæм ацыдысты 200 хаттæй фылдæр.

"1-6 сентябры фæфылдæр ис ссыгъдты нымæц. Хус кæрдæг сыгъд Цхинвалы дæр æмæ республикæйы районты дæр. Сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хæйтты кусджытæ зынгимæ тох кодтой микрорайон "Мæскуыйаг"-ы, Хъайтарты уынгыл, "Эмальпровод"-ы заводы цур, афтæ ма Цхинвалы æмæ Знауыры районы хъæуты", — радзырдтой министрады.

Уагдоны ма бафтыдтой, къуырийы дӕргъы æдæппæтæй сыгъд хуыссын кæнынмæ кæй ацыдысты 12 хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0