Уӕрӕсейы æрцахстой хуссарирыстойнаг экс-чиновникы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы æрцахстой хуссарирыстойнаг экс-чиновникы
Уӕрӕсейы æрцахстой  хуссарирыстойнаг экс-чиновникы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ Мидхъуыддæгты министрады хъусинагмæ гæсгæ, раздæры министры хæдивæг уыд æхсæнадæмон агуырды бынæттон бюджетæй æхцайы фæрæзтæ кæй ныппаплой кодта, уый тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Мидхъуыддæгты министрады уголовон фæдагуырды кусджытæ Краснодары æрцахстой хуссарирыстойнаг экс-чиновникы, кæцыйы аххосджын кæнынц паддзахадон бюджеты æхцайы фæрæзтæ ныппаплой кӕныны хъуыддаджы, фехъусын кодта ведомствойы пресс-службæ.

Фæдагурæн куыстыты рæстæджы рабæрæг, 54-аздзыд Цхинвалы цæрæг, 2010- 2011 азты РХИ-йы Экономикон райрæзты министры хæдивæг уæвгæйæ, давта æхцайы фæрæзтæ бынæттон бюджетæй.

"Уый куыста хъæууон хæдзарады райрæзтыл æмæ министры номæй арæзта тауинæгтæ "æлхæд —уæй"-ы фæдыл бадзырдтæ. 2011 азы уый сарæзта зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтимæ дыууæ бадзырды тауинæгтæ балхæныны тыххæй. Бадзырдты иумæйаг аргъ уыд дыууæ милуан соммæ æввахс. Æхцайы фæрæзтæ уæйгæнæджы хыгъдмæ хаст куы æрцыдысты, уæд рабæрæг, товар кæй нæ дзуапп кæны æмбæлон домæнтæн. Тауинæгтæ фæстæмæ аздæхтой æввонггæнæгæн, фæлæ æхцатæ фæстæмæ Экономикон райрæзты министрады хыгъдмæ чиновник нæ бахаста", — дзырдæуы пресс-центры хъусинаджы.

Экс-чиновник ныртæккæ ис рæстæгмæ дарæн изоляторы, скъуыддзаг цæуы фарст, цæмæй лæвæрд æрцæуа агуырды инициатор — Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадмæ.

Хуссар Ирыстоны нырма нæй бæлвырд информаци ацы цауы тыххæй. Генералон прокурор Цгъойты Мераб загъта Sputnik, уæрæсейаг коллегæтæй нырма кæй не`рбацыд ницы официалон бафарсттæ, кæнæ хъусынгæнæнтæ.

Уый банысан кодта, уæрæсейаг барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ кæй архайдтой сæ хуссарирыстойнаг коллегæты бахатыдмæ гæсгæ, кæцытæ æхцайы фæрæзтæ ныппаплой кæныны фæдыл агурынц æмрæстæджы цалдæр раздæры чиновникты æмæ нардуатон организациты къухдариуæггæнджыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0