Сергей Безруков: нывгӕнджытӕ иппӕрд сты политикӕйӕ

© Sputnik / Ада БагианСергей Безруков
Сергей Безруков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
10-ӕм фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ"-йы фæлгæтты Цхинвалы сценӕйыл уагъд ӕрцыд уӕрӕсейаг кино æмæ театры артист Сергей Безруковы аивадон изæр. Концерты фӕстӕ актер йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй радзырдта Sputnik.

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Сергей Безруковы аивадӕн табугӕнджытӕй концерты фӕстӕ байдзаг сцена. Артист не ‘ххӕсы нывтӕ сисын ӕмӕ автографтӕ раттын — алкӕйдӕр фӕнды "Бригада"-йы сӕйраг хъайтар Саша Белыйӕ автограф райсын.

Концерты фӕстӕ фӕлладмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый ӕнувыд ӕмӕ уӕздан дары йӕхи адӕмимӕ. Фӕскулисты йӕм лӕууынц йӕ командӕ. Дарддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы дард фӕндаг Дзӕуджыхъӕумӕ.

Сергей дзуапп дӕтты Sputnik уацхӕссӕгӕн. Цыма нӕ хаты, йӕ алыварс адӕм куыд схъомпал сты ӕмӕ йын кӕй дзурынц, афӕндараст кӕныны афон сын кӕй у.

© Sputnik / Ада БагианСергей Безруковӕн лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны адӕмон артисты ном.
Сергею Безрукову присудили звания Народного артиста Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сергей Безруковӕн лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны адӕмон артисты ном.

— Есенин ӕмӕ Пушкин фӕлгонцтӕ адӕм банымадтой тынг ӕнтыстджыныл, фӕлӕ Владимир Высоцкийы тыххӕй киноныв "Спасибо, что живой"-мӕ иугъуызон ахаст нӕ уыд. Кинонывы режиссер куы уыдаис, уӕд ын фӕивтаис йӕ сценари?

— Кинонывмӕ актерты фӕлвӕрдтой ӕртӕ азы дӕргъы. Мӕнмӕ куы бахатыдысты, уӕд нырма не ‘сразы дӕн, уымӕн ӕмӕ разӕр сӕххӕст кодтон поэтты фӕлгонцтӕ. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй кӕсджытӕ айстаиккой куыд тенденци ӕрмӕст поэты фӕлгонцтӕ кӕй ӕххӕст кӕнын. Высоцкийы уарзын чысылӕй фӕстӕмӕ. Фыццаг мӕхи куы бафӕлвӕрдтон ац ролы, уӕд бирӕ хъуды кодтон фӕлгонцы тыххӕй, продюсертӕ мӕ нӕ хъыгдӕрдтой иу азы дӕргъы. Уыцы рӕстӕг фӕлвӕрдтой ӕндӕр актерты дӕр, фӕлӕ раздӕхтысты мӕнмӕ. Никита Высоцкийы сценаримӕ гӕсгӕ киноныв ист цыд тынг уӕззауӕй. Режиссӕр ам равдыста йӕ фыды тыххӕй бирӕ рӕстдзинад. Ӕвдыст дзы ӕрцыд Высоцкийӕн уӕззау 1979 аз. Ацы киноныв у поэтмӕ уарзондзинад ӕвдисӕг, цӕмӕй фӕсивӕд феной легендерон гоймаджы. Хистӕр кары адӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зонынц ӕмӕ уарзынц зарӕггӕнӕджы абон дӕр, фӕлӕ ма сӕм кинонывы фӕстӕ бафтыдысты ӕвзӕнгтӕ дӕр.

— Хъырымы фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы скондмӕ раздахыны фӕдыл Владимир Путины фарс куы балӕууыдтӕ, уый фӕстӕ дӕ, ивгуъыд азы, Гуырдзыстоны нал райстой. Артисттӕ абон куыд кусынц политикон интригӕты ӕндӕвдады бын?

— Ӕз раздӕрау дӕн поэт ӕмӕ зарӕггӕнӕг. Нывгӕнджытӕ иппӕрд сты политикӕйӕ ӕмӕ хъуамӕ архайой сабырадыл. Уыдон хорздзинад хӕссынц, ӕрмӕст афтӕ уынын ӕз аивад, уый хъуамӕ алкӕддӕр уа политикӕйӕ хицӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ ӕз уыдтӕн Тбилисы. Хъуыстон, адӕм мӕ куыд райстой. Есенины ӕмдзӕвгӕ демӕ куы кӕса ӕгас зал, уӕд уый у ӕппӕт вазыгджын фарстытӕн дӕр дзуапп. Ӕз дӕн хӕсты ныхмӕ. Алы уавӕры дӕр хъӕуы архайын фарстытӕ сабырӕй скъуыддзаг кӕныныл. Нывгӕнӕгӕн фадат куы уа, уӕд хъуамӕ архайа сабырд тауыныл.

— Олег Табаковы схуыдтай дӕ "фыд аивады ". Ды дӕр цӕттӕ кӕныс дӕхицӕн ахуыргӕнинӕгтӕ?

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. Ӕз дӕн Мӕскуыйаг Губерниаг театры аивадон къухдариуӕгӕнӕг, цыран мӕ артисттӕ сты мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Мӕ спектаклты ӕмрӕстӕджы ӕвзонг артисттимӕ дих кӕнын мӕ зонындзинӕдтӕ, амонын сын сфӕлдыстады бындуртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0