Экстремалон шофыр: уæлахизæн хъæуы хорз хæдтулгæ æмæ рискыл æдæрсгæйæ цæуын

© Sputnik / фото из архиваДжип-триал
Джип-триал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры ацы хатт бынæттон экстремалтæй дарддæр хайад райсдзысты Цæгат Кавказы республикæты экстримуарзджытæ дæр.

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik, Козаты Диана. Сослан фæцайдагъ спорты ацы хуызыл цалдæр азы размæ. Уый радзырдта Sputnik уацхæссæгæн, æртæ азы размæ фыццаг хатт республикæйы куы æрцыд уагъд турнир джип-триалæй, уæд дзы хайад кæй райста æнæ уæлдай хъуыдыйæ.

Къусреты рагъыл сӕ тыхтӕ бавзардзысты экстремалон автоспорты фанаттӕ

Уæд æм стыр фæлтæрддзинад нæ уыд, æмбæлонæй нæ бацæттæ кодта йæ хæдтулгæ экстремалон трассæмæ æмæ аскъуыддзаг кодта йæ фæстæ аз ерыстæм бындуронæй хи бацæттæ кæнын.

Джип-триалæй æхсæнадæмон ерыстæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц ныр æртыккаг аз. Ерыстæн бацæттæ кодтой сæрмагонд трассæ Цхинвалы районы Къусреты хъæумæ æввахс. Кæд фыццаг турниры хайад райстой æрмæстдæр бынæттон джипертæ æмæ цæгатирыстойнаг уазджытæ, уæд дзы ацы хатт та хайадисджытæ уыдзысты Цæгат Кавказы алы республикæтæй дæр.

"Джип-триалы сæйраджыдæр уарзын ерысты рæстæджы адреналин. Цæмæй уæлахиз къухты бафта, уый тыххæй хъуамæ æдасæй цæуай рискыл", — загъта Сослан.

Ерысты æмбæлонæй хайад райсыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у хæдтулгæ бацæттæ кæнын.

"Цас ыл фылдæр бахардз кæнай, уас фылдæр ис фадат рамбулынæн. Уый аслам нæ лæууы — джипертæй бирæтæ сæ хæдтулгæтыл бахардз кæнынц сæдæ мин сомæй фылдæр", — радзырдта экстремал.

Уый бамбарын кодта, хæдтулгæтæн кæй фæцырд кæнынц сæ мотор, фæфидардæр кæнынц сæ рамæ, фæфылдæр кæнынц клиренс. Цæмæй "глушитель"-ы дон ма бакæла, уый тыххæй йæ сæвæрынц уæлейæ.

"Тынг ахсджиаг у раст цæлхытæ равзарын, иууыл хуыздæр сты тракторы цæлхытæ. Цас уæлдæр у хæдтулгæ æмæ цас тыхджындæр у протектор, уас фылдæр ныфс ис трассæ æнтыстджынæй ацæуынӕн", — бафтыдта спортсмен.

© Sputnik / Алексей КовалевЕрысты æмбæлонæй хайад райсыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у хæдтулгæ бацæттæ кæнын.
Международные соревнования по джип-триалу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ерысты æмбæлонæй хайад райсыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у хæдтулгæ бацæттæ кæнын.

Сослан хайад иста ныры турниры трассæйы цæттæгæнæн куыстыты. Нысаниуæгджын æрмæст хæдтулгæйы комплектаци нæу, фæлæ ма экипажы арæхстдзинад дӕр. Алкæцы хæдтулгæйы дæр ис дыууæ адæймаджы — шофыр æмæ штурман.

Ивгъуыд азы ерысты Сослан бацахста фыццаг бынат дисциплинæтæй сæ иуы. Ныфс æй ис, ацы хатт дæр æй йæ хæдтулгæ кæй нæ фæсайдзӕн.

Сабаты, 12 сентябры 11 сахатыл цы джип-триал уагъд æрцæудзæн, уый хайадисджытæ хæдтулгæты цæлхыты хуызмæ гæсгæ дих æрцæудзысты æртæ категорийыл.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц зынгӕ хуссарирыстойнаг джипер Зӕгъойты Владимиры (Тото) номыл клуб "Скиф 4х4" инициативӕмӕ гӕсгӕ. Финансон ӕххуыс организатортӕн бакодта парти "Иугонд Ирыстон".

Хайадисынмӕ хуынд цӕуынц джипертӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Кӕсӕг-Балхъар, Хъӕрӕсе-Черкеси ӕмӕ Цӕцӕны республикӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0