Уанеты Анастасия: мӕ сувениртӕй хӕдзары цы кӕнын, уадз ӕмӕ адӕмӕн ӕхцондзинад хӕссой

© Sputnik / Ада БагианУанеты Анастасия
Уанеты Анастасия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
53 азы куысты фӕлтӕрддзинадимӕ ахуыргӕнӕгӕн йӕ ном хъуыстгонд ӕрмӕст хъомылгӕнӕгӕй нӕу, фӕлӕ мӕ уый ӕнӕвгъауӕй лӕвар кӕны йӕ сфӕлдыстад – сувениртӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ.

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Уанеты Анастасия йӕ царды 53 азы снывод кодта ахуыргӕнӕджы куыстӕн. Йӕ дӕргъвӕтин куысты рӕстӕг йӕ цард цы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттыл ракодта, уым ныр дӕр ссарӕн ис йӕ ӕрмдзӕф. Ирон аргъӕутты фӕлгонцтӕ ӕрмдӕсны аразы бӕмбӕг, къалиутӕ, хъуымац ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕй.

Анастасияйы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ ӕрӕх ӕрымысынц йе ‘мдзӕвгӕтӕ. Сувениртӕ аразын ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын Уанеты Анастасия уарзы чысылӕй фӕстӕмӕ.

"Ӕрмӕгӕй бӕрӕг вӕййы, цы дзы рацӕудзӕн, уый. Хаттӕй-хатт хъӕды тезгъо кӕнгӕйӕ фембӕлын бӕласы цъарӕй ӕнахуыр фигурӕтыл ӕмӕ уайтагъд ӕрымысын, цы дзы сараздзӕн, уый", — радзырдта Уанеты Анастасия Sputnik уацхӕссӕгӕн.

Фыццаг архайдта йӕ сабийон фӕндтӕ нывӕндгӕйӕ, фӕстӕдӕр куы бамбӕрста, йӕ куыст канд йӕхи зардӕмӕ нӕ цӕуы, фӕлӕ ма ӕхцондзинад хӕссы адӕмӕн дӕр, уӕд йӕ куыстыл цӕст дӕр нал хӕцыд.

© Sputnik / Ада БагианУанеты Анастасияйы арӕзт герб.
Герб из бисера Насти Ванеевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанеты Анастасияйы арӕзт герб.

Ныридӕгӕн Анастасия хицауады куыст нал кӕны, цӕры Знауыры районы Бехъмары хъӕуы. Йӕ хӕдзар ӕттейӕ бакӕсгӕйӕ зыны чысыл, фӕлӕ мидӕмӕ бахизгӕйӕ у райдзаст. Ам уый цӕры йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ фыртимӕ. Ныр дӕр йӕ ахуыргӕнӕджы куыстыл йӕ зӕрдӕ нӕ аивтаид, фӕлӕ йе ‘мкъайы лӕмӕгъ ӕнӕниздзинад домдта сылгоймагӕй йӕ уарзон куыст ныууадзын.

Йӕ куысты цымыдисон хабӕрттӕ райдыдтой 53 азы размӕ.

"Пединститут фӕугӕйӕ мӕ арвыстой кусынмӕ Балтайы сабидонмӕ. Уым методикон кабинет уыд бынтон афтид ӕмӕ уӕд мӕхӕдӕг райдытой аразын ирон аргъӕутты хъайтарты. Мӕ зонгӕтӕ ӕмӕ мӕ хъомылгӕнинӕгтӕн се ‘ппӕтӕн дӕр сӕ райгуырӕн бонтӕм фыстон ӕмдзӕвгӕтӕ, балӕвар-иу сын сӕ кодтон, мӕхи къухӕй цы сувениртӕ цыд, уыдонимӕ", — дзуры йӕ мысинӕгтӕ Анастасия.

18 азы фӕкуыста сабидоны ӕмӕ йӕ бӕргӕ нӕ фӕндыд йӕ куыст ныууадзын, фӕлӕ цард йӕхион кӕны. Анастасияйы йӕ цардуагон уавӕртӕм гӕсгӕ бахъуыд Цхинвалмӕ цӕрынмӕ рацӕуын. Ам адарддӕр кодта йӕ куыст скъола-интернаты. Йӕ хъомылгӕнингӕтӕ цъух нӕ аззадысты ахуыргӕнӕджы хъарм ахаст ӕмӕ лӕвӕрттӕй.

1990 азы уый хонын райдыдтой алыгъуызон культурон мадзӕлттӕм, цыран зонгӕ кодта йе ‘мдзӕвгӕтимӕ адӕмы.

"Ме ‘мдзӕвгӕтӕ рацыдысты дыууӕ чысыл чиныгӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыст мын бирӕ ис, фӕлӕ сӕ мыхуырӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ хъӕуы", — дзуры уый.

Йӕ сувениртӕ ӕмӕ нывтӕй йӕ хӕдзары ницы ис — цы саразы, уый уайтагъд балӕвар кӕны. Йӕ къухӕй цытӕ рацыд, уыдон ӕппӕтӕй хъуыды дӕр нал кӕны.

"Кӕм куыстон, уым алкуыдӕр сты мӕ куыстытӕ. Бирӕтӕ дзы балӕвар кодтон Знауыры ӕмӕ Цхинвалы сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуантӕн. Мӕ сувениртӕй хӕдзары цы кӕнын, ӕз сӕ арӕзтон адӕмӕн, уадз ӕмӕ сын ӕхцондзинад хӕссой", — ӕнӕгурысхойӕ дзуры ахуыргӕнӕг.

Йӕ куыстыты ӕхсӕн ис гениалон ирон поэт Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн хъӕу Нар хъӕдӕрмӕгӕй арӕзт, Заргы фӕндаг, кӕцыйы фӕрцы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы тыхст адӕм ирвӕзын кодтой сӕ сабиты.

© Sputnik / Ада БагианУанеты Анастасияйы куыст.
Поделка из дерева Насти Ванеевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанеты Анастасияйы куыст.

"Зары фӕндаг сарӕзтон, уый адӕмы ӕфтауы дисы. Хӕсты уӕззау рӕстӕджы ме ‘мкъаимӕ иумӕ цыдыстӕм ацы фӕндагыл. Уыцы хъызт боны фыдӕбӕттӕ ӕмӕ зымӕгон фӕндаджы хъӕпӕнтӕ ныр дӕр цыма мӕ цӕсты раз сты", — банысан кодта Анастасия.

Йӕ уарзон куыстыл Анастасия йӕ зӕрдӕ нӕ аивта ныр дӕр. Уый хатгай ӕрхъавы йӕ хӕдзары сабитимӕ бакусын, уымӕн та йын рӕстӕг дӕр, зонындзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ бынат дӕр ис фаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0