Хуссар Ирыстон æртæ бонмӕ æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн

Хуссар Ирыстон æртæ бонмӕ æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн
Хуссар Ирыстон æртæ бонмӕ æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон æдасдзинады комитет æнæмæнгхъæуæг æдасдзинады фæрæзыл банымадта Гуырдзыстонимæ йæ арæн æрæхгæнын.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн сæйраг паддзахадон бæрæгбæттæй сæ иу — Республикæйы боны цытджын мадзæлттæ уадзыны рæстæгмæ, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæйы.

Æмбæстæгты уадзæн пункттæ æхгæд æрцæудзысты 19 сентябры.

"Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады 25 азы бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы æдасдзинады фæрæзтæ фæкарздæр кæныны тыххæй 19, 20 æмæ 21сентябры рæстæгмæ æхгæд æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл æмбæстæгты уадзæн пункттæ", — фехъусын кодта пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл æмбæстæгты уадзæн пункттæ сæ æрвылбонон режимы кусын райдайдзысты 22 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0