Цхинвайлаг хӕбысӕйхӕцджытӕ РЦИ-А чемпионатӕй ӕрхастой фыццаг бынӕттӕ

© Sputnik / архивное фотоЦхинвайлаг хӕбысӕйхӕцджытӕ Цӕгат Иры чемпионатӕй ӕрхастой фыццаг бынӕттӕ
Цхинвайлаг хӕбысӕйхӕцджытӕ Цӕгат Иры чемпионатӕй ӕрхастой фыццаг бынӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ӕртӕ спортсменӕн ацы ерысты се 'нтыстджын архайд фӕндаг бакодта Цӕгат Кавказы федералон зылды турнирмӕ, кӕцы уагъд цӕудзӕн октябры мӕйы.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Цхинвайлаг ӕвзонг спортсментӕ бацахстой фыццаг бынӕттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты хъӕбысхӕстӕй, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Чемпионаты ӕдӕппӕт архайдта 350 хъӕбысӕйхӕцӕджы 14-15 азы кары категорийы. Хуссар Ирӕй дзы хайад райстой Къӕбулты Вадим, Зассеты Азӕмӕт ӕмӕ Дзеранты Арик.

"35 килограммы уӕзы категорийы Къӕбулты Вадимӕн нӕ разынд ӕмсӕр ныхмӕлӕууӕг ӕмӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан. Ацы категорийы ма ӕнтыстджын разынд Дзеранты Арик — йӕ къухы бафтыд бронзӕ. 69 килограммы категорийы та ӕвзист майдан ӕрхаста Зассеты Азӕмӕт", — радзырдта комитеты пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Хуссарирыстойнаг ӕртӕ спортсменӕн ацы ерысты се 'нтыстджын архайд фӕндаг бакодта Цӕгат Кавказы федералон зылды турнирмӕ, кӕцы уагъд цӕудзӕн октябры мӕйы.

Ӕвзонг спортсменты цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Тедеты Мурат, Бестауты Мурат ӕмӕ Коцты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0