Республикæйы боны цытæн Хуссар Ир улæфдзæн цыппар боны дæргъы

© Sputnik / Ада багианРеспубликæйы боны цытæн Хуссар Ир улæфдзæн цыппар боны дæргъы
Республикæйы боны цытæн Хуссар Ир улæфдзæн цыппар боны дæргъы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улæфты бонтыл нымад сты 19,20,21 æмæ 22 сентябрь.

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ улæфдзысты цыппар боны республикæйыл 25 азы сæххæсты боны цытæн, кæцы нысан цæуы 20 сентябры, фехъусын кодтой Sputnik президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

"Улæфты бонтыл нымад сты 19,20,21 æмæ 22 сентябрь", — фехъусын кодтой пресс-службæйы.

Улæфты бонтæ расидт æрцыдысты "Бæрæгбӕтты æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндар сфидар кæныны тыххæй" президенты Указы бындурыл.

19 сентябры та Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон тырысайы бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0