Цхинвалы уагъд æрцыд дзыллæйады минæвæртты цытджын æмбырд

© Sputnik / Ада багианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæ расидыны фæдыл уынаффæ уыд адæмы ссæрибар кæныны тыххæй, йæ суверенитет бахъахъхъæныны æмæ дарддæры райрæзты тыххæй иунæг фадат, загъта Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Ирон адæмы æнæфæцудгæ уырнындзинад сæ архайды, йæ массон хъайтардзинад æмæ сæрибаруарзт ссисты йæ уæлахизы гарант æмæ бындур, загъта президент Тыбылты Леонид, республикæйы 25 азы юбилейы фæдыл дзыллæйады минæвæртты цытджын æмбырды рæстæджы.

Хуссар Ирыстон хуыцаубоны 25-æм хатт нысан кæны республикæ расидты бон. Столицæйы уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ. Уыдоны хайад исынц Уæрæсейы, Цæгат Ирыстоны, Турчы, Абхазы, ДАР, ЛАР æмæ æндæр республикæты делегацитæ, афтæ ма Уæрæсейы регионты ирон диаспорæты минæвæрттæ.

"Æнæ Хуссар Ирыстоны æмбæлттæй дæргъвæтин рæстæджы тугкалды кæрон уыдаид æбæрæг æмæ фылдæрæй фылдæр кодтаид йæ амæттæгты нымæц. Уымæ гæсгæ абоны бæрæгбон нымайын иумæйагыл", — загъта президент.

Уый банысан кодта, йæ хæдбардзинадмæйы фæндагыл Хуссар Ирыстон кӕй фесæфта йæ хуыздæр хъæбулты, йæ сæрибардзинады сæрыл тохы сæ цард радтой сæдæгай æфсæддонтæ республикæйы гарзджын тыхтæй, бархионтæ æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæй.

"Уый тыххæй нын нæ зæрдыл лæууын кæндзæн мемориалон комплекс, кæцыйы арæзтад райдайдзæн фидæн аз. Уый у нæ хæс!", — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæууыдысты, республикæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыцы хъахъхъæнджыты рухс ном арынæн.

Республикæ расидыны фæдыл уынаффæ адæмы ссæрибар кæныны тыххæй, йæ суверенитет бахъахъхъæныны æмæ дарддæры райрæзты тыххæй Тыбылты Леонид схуыдта иунæг фадат.

"Хæстæй нын тас нал у. Фидар сабырад — хæдбар паддзахады бындур. Хæсты хъизæмæрттæ æмæ политикон æбæрæгдзинад ссисты Хуссар Ирыстоны историон хъысмæт. Фæлæ нæ адæмы хъаруджын тох сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл хъуамæ макуы уа рох", — загъта президент.

РХИ, Абхазы æмæ Хæдбар паддзахадты æмбаладады бæстæтæ-хайадисджытимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорун бакаст УФ президент Владимир Путины бæрæгбонон арфæ.

Цытджын æмбырды раныхас кодтой республикæмæ æрцæуæг делегациты сæргълæуджытæ. Уыдон раарфæ кодтой хуссарирыстойнаг адæмæн ацы зæрдылдарæн датæйы цытæн.

Ӕмбырды кæрон æрæмбырдуæвджытæн сæ арæхстдзинад равдыстой националон ансамблтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0