Ногарӕзт фӕндаг баиу кодта Дзауы районы центр бӕрзонд хӕххон хъӕутимӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваДзауы районы бӕрзонд хъӕутӕ
Дзауы районы бӕрзонд хъӕутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сба, Брытъат, Едыс ӕмӕ Ерманмӕ раздӕр кӕд уыд нарӕг ӕвадат къахвӕндӕгтӕ, уӕд сӕм ныр та ӕдӕрсгӕйӕ цӕуынц хӕдтулгӕтӕ. Районы къухдариуӕгад аккаг инфраструктурӕ аразы, хӕххон хъӕутӕм сыздӕхыны фӕнд чи кӕны, уыдонӕн.

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы бӕрзонд хъӕутӕ Сба, Брытъат, Едыс ӕмӕ Ерманмӕ арӕзт ӕрцыдысты фӕндӕгтӕ. Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта фӕндӕгты арӕзтад, ацы хъӕуты цӕрджытӕ цы уавӕрты цӕрынц ӕмӕ цы аразы районы къухдариуӕгад, цӕмӕй хъӕууон адӕмӕнӕн сӕ цард фӕхуыздӕр уа.

Кӕд ацы цыппар хъӕуы ӕдзух цӕрдждытӕ стӕм сты, уӕддӕр сӕ райгуырӕн хъӕутӕм ӕрыздӕхын чи сфӕнд кӕна, уыдонӕн арӕзт цӕуын ӕмбӕлон уавӕртӕ.

Фӕстӕмӕ хъӕутӕм адӕм раздахыны тыххӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг инфраструктурӕйы нымӕцы сты фӕндӕгтӕ, хидтӕ, электрон рухс, бастдзинад ӕмӕ ӕндӕрттӕ. Ацы хӕрзиуджытӕй Дзауы районы уӕлхох хъӕуты цӕрджытӕн нырма сӕ къухты бафтыд ӕрмӕстдӕр фӕндӕгтӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваРаздӕры нарӕг ӕвзӕрвадат къахвӕндӕгтыл ныр ӕдӕрсгӕйӕ цӕуынц машинӕтӕ.
высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Раздӕры нарӕг ӕвзӕрвадат къахвӕндӕгтыл ныр ӕдӕрсгӕйӕ цӕуынц машинӕтӕ.

Ерманы хъӕумӕ сӕйраг фӕндагӕй дарддӕр балыг кодтой алкӕцы хъӕумӕ хицӕн фӕндаг. Раздӕры нарӕг ӕвзӕрвадат къахвӕндӕгтыл ныр ӕдӕрсгӕйӕ цӕуынц машинӕтӕ.

Коммӕ бахизгӕйӕ фыццаг хъӕутӕй сӕ иу у Сба. Ам хӕхты цъӕссыты ӕрымбӕхстысты иугай хӕдзӕрттӕ, уыдонӕй, хъыгагӕн, сӕ фылдӕр сты ӕдзӕрӕг. Фӕлӕ ма дзы цы цъус цӕрджытӕ ис, уыдон дӕр уадиссаг нӕ бӕллынц цардуагон хӕрзиуджытӕм.

"Махӕн афонмӕ дӕр сарӕзтаиккой ацы фӕндаг, фӕлӕ мӕ сыхӕгтӕн сӕхи аххос у. Хъӕумӕ дам хорз фӕндаг куы саразой, уӕд зӕгъгӕ къӕхты бын фӕуыдзыстӕм. Ӕз та уалдзӕджы ӕрцӕуын ӕмӕ фӕззӕджы фӕстӕмӕ аздӕхын Цӕгат Ирыстонмӕ. Рухс дӕр дзы нӕй, ӕмӕ зымӕджы афтӕ куыд цӕрон", — хъаст кӕны Сбайы цӕрӕг Дзаттиаты Асӕхмӕт.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСбайы хъӕуы Дзабиты Асӕхмӕты хӕдзар.
высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сбайы хъӕуы Дзабиты Асӕхмӕты хӕдзар.

Дарддӕр фӕндаг цӕуы Брытъатыл, хъӕумӕ арӕзт ӕрцыдысты хидтӕ. Фӕндаг ахафтой, рараст кодтой ӕмӕ йыл ныккалдтой дзæххор. Ам дыууӕ комы ӕхсӕн ӕрбынат кодтой цалдӕр хӕдзары. Сӕ алыварс ис суардӕттӕ, ӕхсӕрдзӕнтӕ, мӕсгуытӕ, зӕппадзтӕ, алӕмӕттаг ӕрдз.

"Ацы суарӕн ис диссаджы тых. Хорз ӕндавы ӕнӕниздзинадыл. Нозтджын лӕг дзы куы фӕхъӕстӕ уа, уӕд ын уайтагъд йӕ расыг фӕсуры", — сӕрыстырӕй ӕппӕлынц бынӕттон цӕрджытӕ сӕ донӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваДзауы районы ис диссаджы хӕрзад суардӕттӕ, ӕхсӕрдзӕнтӕ.
высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы ис диссаджы хӕрзад суардӕттӕ, ӕхсӕрдзӕнтӕ.

Фос дарынӕн ӕмӕ зӕххы куыст кӕнынӕн Брытъаты ис аккаг фадӕттӕ, фӕлӕ уыдон дӕр нал уромынц бынӕттон цӕрджыты ӕмӕ тырнынц горӕттӕм.
Нырма уал бӕрзонд ӕфцӕггаг хъӕутӕм сӕ фыдӕлты зӕхмӕ фылдӕр цӕуынц сӕрдыгон бонты улӕфынмӕ, фӕлӕ дзы ис ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ рахафтой зӕхх хӕдзарӕн бындур ӕрӕвӕрыны нысанӕн.

Ацы хъӕутӕй иууыл фылдӕр цӕрджытӕ ис Едысы, ам ӕппынӕдзух цӕры авд хӕдзары онг.

Районы къухдариуӕггӕнӕг Чилӕхсаты Владимиры уырны, сӕ куыст ӕнӕхъуаджы кӕй нӕу ӕмӕ ацы кӕмттӕм фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты адӕм цӕрынмӕ.

"18 километры дӕргъӕн сӕйраг фӕндаг сарӕзтам, стӕй ма уымӕй дарддӕр балыг кодтам хъӕутӕм дӕр хицӕн фӕндӕгтӕ. Куыстытӕм рагӕй бавнӕлдтам, фӕлӕ ныффӕстиат стӕм, фӕстаг дыууӕ мӕй архайдтам активонӕй ӕмӕ нын мӕнӕ бантыстат саразын ацы фӕндаг", — загъта районы хистӕр.

Кӕд ацы хъӕуты цъус цӕрджытӕ, уӕддӕр дарынц бирӕ фосы дзугтӕ, ахсынц цыхт ӕмӕ уымӕй цӕрынц.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАцы хъӕуты цӕрджытӕ дарынц фосы дзугтӕ, ахсынц цыхт ӕмӕ уымӕй цӕрынц.
высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы хъӕуты цӕрджытӕ дарынц фосы дзугтӕ, ахсынц цыхт ӕмӕ уымӕй цӕрынц.

 

Фӕндаггӕрӕтты зӕу-зӕу кӕны тырты, цъуй ӕмӕ мыртгӕ. Ацы диссаджы алӕмӕттаг ӕрдзмӕ кӕсгӕйӕ адӕймаджы уырны, ам та раздӕрау цард цæджджинæгау кӕй фыцдзӕн, кӕмттӕ та кӕй байдзаг уыдзысты фӕстӕмӕ адӕмӕй ӕмӕ фосы рӕгъӕуттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0