Спикер: Италийы парламент ӕркӕсдзӕн Хуссар Иры хӕдбардзинад банымайыны фарстмӕ

© Sputnik / Олег КудуховБибылты Анатолий ӕмӕ Маттео Сальвинийы фембӕлд
Бибылты Анатолий ӕмӕ Маттео Сальвинийы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Лига Севера"-йы раздзогӕн радзырдтой Хуссар Ирыстоны равзӕрды барадон аспектты тыххӕй, Маттео Сальвини раразмӕ кодта хъуыды, цӕмӕй Италийы парламент ӕркӕса Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны фарстмӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон" сфидар кодта ӕмгуыстад италиаг парламентон парти "Лига Севера"-имӕ (Lega Nord), радзырдта Sputnik парти "Иугонд Ирыстон"-ы сӕрдар, парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Парламенты делегациимӕ Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта партийы штаб-квартирӕ Миланы. "Лига Севера" у оппозицион парламентон парти, кӕцы у хицӕн паддзахад Падания саразыны ӕвварс.

"Нӕ программӕты хицӕндзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ кӕрӕдзи бамбӕрстам. Ӕнгӕс ахаст нын ис адӕмӕн сӕ фидӕн разварыны бартӕм ӕмӕ ацы фарсты дывӕр стандарттӕй пайда кӕнын ма руадзыны хъуыддагмӕ", — банысан кодта спикер.

© Sputnik / Олег КудуховХуссар Иры делегацийы уӕнгтӕ Маттео Сальвинийӕн радзырдтой Хуссар Ирыстоны бындурӕвӕрды историйы тыххӕй.
Встреча спикера парламента РЮО Анатолия Бибилова с лидером партии Лига Севера Маттео Сальвини  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры делегацийы уӕнгтӕ Маттео Сальвинийӕн радзырдтой Хуссар Ирыстоны бындурӕвӕрды историйы тыххӕй.

Хуссар Иры делегацийы уӕнгтӕ "Лига Севера"-йы раздзог Маттео Сальвинийӕн радзырдтой Хуссар Ирыстоны бындурӕвӕрды истори ӕмӕ барадон аспектты, стӕй ма паддзахады политикон системӕйы тыххӕй. Маттео Сальвини раразмӕ кодта хъуыды, цӕмӕй Италийы парламент ӕркӕса Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны фарстмӕ.

"Ныридӕгӕн цӕттӕ кӕнӕм гӕххӕттытӕ, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидынӕн цы политикон ӕмӕ барадон бындур уыд, уый фӕдыл, фӕстӕдӕр сӕ раивдзыстӕм италиаг ӕвзагмӕ. "Лига Севера" нын ныфс дӕтты, Италийы парламенты кӕй схъӕлӕс кӕндзысты фарсты фӕдыл. Кӕд парти Lega Nord Италийы парламенты фылдӕр бӕрцӕй не ‘сты, уӕддӕр хъуыддаг рабӕрӕг кӕндзӕн хъӕлӕсӕппӕрст", — банысан кодта парламенты сӕрдар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Италийы парламенты уынаффӕйы хатдзӕгтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, ацы къахдзӕфӕй фенын кӕндзысты, Хуссар Ирыстон хӕбардзинадмӕ фӕндагыл ӕппӕт дӕр кӕй арӕзта уӕды закъондӕттынад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон барады домӕнтӕм гӕсгӕ.

Йӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы ма Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Италийы стырдӕр хъӕууонхӕдзарадон холдингтӕй сӕ иу. Бантыст сын бадзурын, цӕмӕй компани "Маццони Групп" бахӕлар кӕна йӕ фӕлтӕрддзинад Хуссар Ирыстоны ацы фадыджы кусджытӕн.

© Sputnik / Олег Кудухов Бибылты Анатолий ма бабӕрӕг кодта Италийы стырдӕр хъӕууонхӕдзарадон холдингтӕй сӕ иу - "Маццони Групп".
Анатолий Бибилов посетил итальянский сельхозхолдинг Маццони групп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий ма бабӕрӕг кодта Италийы стырдӕр хъӕууонхӕдзарадон холдингтӕй сӕ иу - "Маццони Групп".

Бадзырды фӕлгӕтты "Маццони Групп" цӕттӕ у йӕ специалистты Хуссар Ирмӕ ӕрӕрывитын, цӕмӕй бынӕттон адӕмӕн бацамоной, цыппар азмӕ дыргъ чи ӕрхӕсса, ахӕм дыргъдон ныккалыны сусӕгдзинӕдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0