Ирон чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ

© Sputnik / Архивное фотоИрон чындзӕхсӕв
Ирон чындзӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон адӕммӕ рагӕй фӕстӕмӕ чындзӕхсӕвӕн стыр кад уыд ӕмӕ йын лӕвӕрдтой егъау нысаниуӕг. Чындзӕхсӕв нымадтой лӕппу ӕмӕ чызгӕн сӕ дыккаг райгуырдыл. Рагон ирон чындзӕхсӕвы ӕгъдӕутты тыххӕй Sputnik уацхӕссӕгӕн радзырда зындгонд ирон ахуыргонд, профессор Плиты Гацыр.

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирон фысджытӕ се ‘сфӕлдыстады ирдӕй равдыстой чындзӕхсӕвы рагон ӕгъдӕуттӕ. Хетӕгкаты Къоста йӕ очерк "Особа"- йы равдыста, ныййарджытӕ-иу куыд бадзырдтой сӕ чысыл сабиты хъысмӕтыл. Ацы хъуыддаг уӕрӕхдӕрӕй равдыста Гӕдиаты Секъа йӕ радзырдты.

Хъӕрмуд сыхӕгтӕ сӕ хӕлардзинад ноджы сфидар кӕныны тыххӕй фидыдтой гуыбынмӕ. Бадзырдтой-иу, зӕгъгӕ, кӕд нын райгуыра чызджытӕ, уӕд уыдзысты хотӕ, лӕппутӕ — ӕфсымӕртӕ, кӕд чызг ӕмӕ лӕппу, уӕд та сараздзысты бинонтӕ.

Ныййарджытӕ архайдтой сӕ байзӕддагӕн хорз амонд ссарыныл. Чызджы моймӕ куы дӕттой, науӕд та лӕппуйӕн ус куы хастой, уӕд стыр хъусдард здӕхт цыд, цы хӕдзарвӕндагӕй сты, уымӕ.

Уӕды дуджы ус раджы куырдтой, чызджы та моймӕ дӕттой 12-аздзыдӕй. 18-аздзыд чызг ирон адӕммӕ нымад цыдис абадгӕ чызгыл.

Фидыдад

Рагзамантӕй ирон адӕммӕ баззад фидыды ӕртӕ формӕйы: гуыбынмӕ фидыд, авдӕнмӕ фидыд ӕмӕ ӕртыккаг хуыз та уыд, чызг ӕмӕ-иу лӕппу сӕ кары куы бацыдысты, уӕд-иу куы бафидыдтой. Уыдонӕй нӕ дугмӕ ӕрцыд хъахъхъӕд ӕрмӕст ӕртыккаг хуыз.

Фыццаг дыууӕ хуызы фидыд хорз фӕстиуджытӕм нӕ кодта, ӕгӕрыстӕмӕй ма ныййарджытӕ ӕмӕ мыггӕгты дӕр кодта туджы фӕндагмӕ. Ныййарджытӕ-иу сӕ цардуавӕртӕм гӕсгӕ сӕ ныхасы хицау нӕ разындысты, сӕ хъуыды-иу аивтой. Хатт-иу афтӕ дӕр рауад, ӕмӕ авдӕнмӕ фидыд чызг лӕппуйы нӕ бауарзта, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацыд ӕмӕ уый та кодта туджы фӕндагмӕ.

Ацы фидыдады рӕстӕджы стыр хъусдард здӕхт цыд лӕппу, кӕнӕ чызг цы хӕдзарвӕндагӕй у, уымӕ. Дзырдтой, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзар ӕвзӕр чызг не ‘схъомыл кӕндзысты.

Амонын

Ирон адӕммӕ ма уыд чызг, кӕнӕ лӕппу амоныны ӕгъдау дӕр. Хъӕуӕй-хъӕумӕ дӕр амыдтой, сыхӕй-сыхмӕ, иу Ирыстонӕй иннӕмӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй ма ирон адӕммӕ ӕлгъыст дӕр баззад — дӕу чи бацамыдта, уый нын нӕ тӕригъӕд фӕхӕссӕд, зӕгъгӕ. Кӕд-иу чындзӕй, кӕнӕ сиахсӕй зӕрдӕ нӕ барухс ис, уӕд амонӕджы ӕлгъыстой. Ацы метод рагзаманы куыд арӕх уыд, ныр кӕд афтӕ нал у, уӕддӕр дзы абон дӕр пайда кӕнынц.

Зонгӕ кӕнын

Ирон адӕм цардысты хӕхты ӕмӕ фӕсивӕдӕн уыд цъус амӕлттӕ кӕрӕдзиимӕ ӕмбӕлынӕн. Уый ӕмбаргӕйӕ, стыр Дзыуарыбонтӕм фыд цыд йӕ чызгимӕ. Уырдӕм хонӕг дӕр нӕ хъуыд — алкӕцы бинонтӕ дӕр бӕллыдысты уазджытӕм Дзуарыбоны. Фыд йӕ чызджы йемӕ кодта ӕрмӕстдӕр уымӕн, цӕмӕй йӕ исчи фена, искӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуа. Чызг цыд йе ‘фсымӕримӕ дӕр, иунӕгӕй йын бар нӕ уыд. Чызг-иу арӕхстис кафынмӕ, зыдта фӕндырыл цӕгъдын ӕмӕ-иу адӕмы йӕхимӕ ‘ркӕсын кодта. Лӕппу та ахӕм хъуыддӕгтӕм цыд иунӕгӕй.

Алы хъӕуӕн дӕр уыд йӕхи бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ фӕсивӕд уым зонгӕ кодтой сӕ уӕздандзинад ӕвдисгӕйӕ. Лӕппутӕ сӕхи ӕвдыстой кафынӕй, бӕхыл бадын ӕмӕ милмӕ ӕхсынӕй. Ахӕм рӕстӕджы-иу чызг ӕмӕ лӕппу иу уынд кӕрӕдзи фӕкодтой ӕмӕ-иу цӕстӕнгасӕй сӕ дзырд бафидар кодтой. Чызджы хибар акӕнай ӕмӕ аныхас кӕнай, уый нӕ барстой чызджы бинонтӕ. Уый фӕстӕ лӕппуйы бинонтӕ агуырдтой дзырддзӕугӕ лӕгты ӕмӕ сӕ ‘рвыстой минӕвӕрттӕй.

Минӕвӕрттӕ

Минӕвӕрттӕй ӕвзӕрстой дзырддзӕугӕ, кадджын лӕгты, ныхасмӕ чи арӕхстис, ахӕмты. Кӕд-иу чызджы ӕрдыгӕй дӕр разы уыдысты, уӕддӕр ам дӕр уыд йӕхи ӕгъдау — ирон лӕг ӕнӕ ӕртӕ хатты минӕвӕрттӕй йӕ чызджы моймӕ нӕ дӕтта. Хуыдтой сӕ фыццаг цыд, дыккаг цыд ӕмӕ ӕртыккаг цыд. Фӕстаг цыды рӕстӕджы-иу бафидытой. Фыццаг дыууӕ хатты сӕ уазджыты арвитынӕн чызджы ныййарджытӕ хъуамӕ ссардтаиккой аххосаг, цӕмӕн сӕ здахынц ӕнӕ дзуаппӕй. Йӕ къӕсӕрӕй ахӕм уазӕджы ничи здӕхта, балӕггад-иу кодтой, сӕ уавӕртӕ сӕ куыд амыдтой, афтӕ. Загътой-иу минӕвӕрттӕн, зӕгъгӕ, сӕ хиуӕтты дӕр кӕй хъуамӕ бафӕрсой. Ӕртыккаг цыдӕн-иу бадзырдтой, чызджы кӕд акӕндзысты, ууыл дӕр. Хатгай-иу чызг нысан райста, фӕлӕ куырдуаты фӕбадт афӕдз дӕр, лӕппуйӕн ирӕд бафидыны фадат кӕй нӕ уыд, уый аххосагӕн.

Ирӕд

Стыр нысаниуӕг ма нӕ фыдӕлтӕм уыд ирӕдӕн дӕр. Кӕд-иу дыууӕ бинонтӕ кӕрӕдзийӕн сӕхи саккаг кодтой, уӕддӕр чызджы бинонтӕ карзӕй домттой ирӕд. Ирӕд истой ӕхцайӕ, фосӕй, ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дзаумӕттӕй. Алыхатт лӕппуйӕн ирӕд фидын йӕ бон нӕ уыд ӕмӕ уӕд цыдысты Уӕрӕсемӕ кусынмӕ, хатгай иу куысты фӕдыл ахаудтой суанг Аляскӕмӕ дӕр, куыстой сыгъзӕрин гуырӕнты. Бирӕтӕ дзы сӕ хӕдзарыл дӕр нал сӕмбӕлдысты.

Лӕвӕрттӕ

Лӕвӕрттӕ уӕды дуджы балхӕнӕн нӕ уыд ӕмӕ иууылдӕр цыдысты чызгӕн йӕхи къухӕй. Лӕвӕрттӕй иууыл зынаргъдӕрыл нымад цыдысты басылыхъхътӕ. Конд уыдысты тинтъичъийӕ ӕмӕ иу сӕ чызг скодта йӕ хицауӕн. Чызг ма-иу йӕ лӕджы бинонтӕй алдкӕмӕндӕр скодта лӕвӕрттӕ — цъындатӕ, зӕнгӕйттӕ. Уыдон иууылдӕр йӕхи къухӕй цыдысты. Ацы лӕвӕрттӕ ныр дӕр баззадысты, фӕлӕ сӕ ныр къухӕй нал цӕттӕ кӕныц.
Иу хъуыддаг ма нӕм баззад рагфыдӕлтӕй — чындзӕхсӕв иу кодтой фӕззӕджы, Джиуӕргуыбаты. Ацы рӕстӕгмӕ иу адӕм сӕ фӕллой бафснайдтой, сӕ хортӕ ‘ркарстой, банай-иу сӕ кодтой. Иудзырдӕй, ирон хӕдзар фӕззӕгӕй хъӕздыгдӕр никуы уыдис ӕмӕ ацы рӕстӕджы арӕзтой чындзӕхӕсӕвтӕ.

Уазджытӕ

Лӕппуйы ‘рдыгӕй сӕйраг уыд хистӕр уазӕг. Уый уыд ацӕргӕ лӕг, фӕлӕ хъуамӕ уыдаид йӕ тыхы. Хистӕр уазӕг хъуамӕ уыдаид мыггагӕй, науӕд та мады ӕфсымӕр. Къухылхӕцӕг та ӕвзӕрстой лӕппуйӕн йе ‘мбӕлттӕй, сиахсӕн йӕхи кары, науӕд та чысыл хистӕр. Æмдзуарджын кухъылхӕцӕгимӕ уыд дзуапдӕттӕг. Уыд ма дзы кӕстӕр уазӕг дӕр. Нымӕттухӕг — чындзы-иу чындзӕхсӕвы фӕстӕ куы цӕттӕ кодтой ӕрвитынмӕ йӕ ног хӕдзармӕ, уӕд-иу хицӕн хатӕны райтыхтой нымӕт ӕмӕ иу адӕймаг чызджы хиуӕттӕй ӕппӕрста лӕвӕрттӕ нымӕтмӕ ӕмӕ сӕ нымадта, чи дзы кӕмӕн у, уый. Йӕ алыварс иу ӕрымбырд сты ӕввахс адӕм. Нымӕтмӕ ӕппӕрстой лӕвӕрттӕ тиутӕн, файнустытӕн, ходыгъдтӕн, ӕфсинӕн, хицауӕн, мыггаджы хистӕр лӕгӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нымӕттухӕг иу уыдон сбаста ӕмӕ сӕ хъуамӕ бахъуыды кодтаид, чи дзы кӕмӕ ӕмбӕлд, уый.

Фынг

Чындзӕхсӕвы уыд кувӕг дӕр, науӕд та ма йӕ хуыдтой сидтамонӕг. Уый-иу фыццаг ссардта Хуыцауы ном, стӕй Уастырджыйы, Ирыстоны зӕдты нӕмттӕ, стӕй чызг ӕмӕ лӕппуйы ном, стӕй сӕ ныййарджыты нӕмттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕсивӕд лӕууыдысты уырдыг. Фынгыл уыд "ӕйтты рӕгъ", бирӕтӕ йӕ хӕццӕ кӕныц кӕстӕйрӕгтимӕ, фӕлӕ уый раст нӕу. Ацы куывдӕн ӕнӕнуазгӕ нӕ уыд, нуазӕ та йӕ кодтой сыкъатӕй. Дзырд "сыкъа"-йы рагон цыбыр формӕ у "сы". Ӕйтты рӕгъ-иу куы анызтой, уӕд-иу сыкъа ӕппӕрстой ӕмӕ йӕ хъуамӕ рацахстаид сиахс. Ардыгӕй фӕзынд дзырд "сиахс" дӕр, ома сы (сыкъа) — ахс. Сиахс кӕддӕриддӕр кодта лӕггад, ууыл фынгыл бадын не ‘мбӕлд.

Чындз ӕмӕ сиахс фынгыл нӕ бадтысты

Фыдӕлты дуджы нӕдӕр чызджы, нӕдӕр лӕппуйы хӕдзары чындз мӕ сиахс фынгыл нӕ бадтысты, нӕдӕр сӕ уынынмӕ кодтой фынгмӕ. Абоны бон уый фӕивта. Ракӕныц сӕ ӕмӕ фынгтыл ӕрзилынц, стӕй сӕ сбадын кӕнынц фынгыл, цӕмӕй сӕ адӕм феной. Ацы хъуыддаг кӕд ног фӕзынд у ӕмӕ нӕм рагфыдӕлтӕй не ‘рцыд, уӕддӕр ӕй ӕз нымайын рӕсугъд фӕзындыл. Чындзӕхсӕвы-иу лӕппу бахсӕвиат кодта сыхӕгтӕм.

Чындзхӕсджытӕ

Чындзы хастой ӕхст ӕмӕ зардимӕ, уымӕ гӕсгӕ хистӕр уазӕг ӕмӕ къухылхӕцӕг хъуамӕ арӕхстаиккой зарынмӕ дӕр.
Чызджы фӕдыл-иу бинонтӕ куыдтой, тынгдӕр мад, фӕлӕ иу куыдтой хотӕ дӕр ӕмӕ чызг йӕхӕдӕг дӕр. Чызгӕн йемӕ цыд чызгӕмбӕлттӕ — дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ иу чызг. Чындзхӕсджыты фӕндаг цы хъӕутыл цыд, уым-иу алы ран дӕр сӕ размӕ ӕрхастой хуынтӕ.

© Sputnik / Архивное фотоИрон чындзӕхсӕв
Ирон чындзӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон чындзӕхсӕв

Лӕппуйы хӕдзары

Лӕппуйы хъӕдзары-иу бамбӕрстой, кӕй ӕрбацӕуынц чындзхӕсджытӕ уыдонӕн сӕ гӕрахӕй. Ӕхсӕвыгон та-иу ссыгътой бӕрзы цъӕрттӕ ӕмӕ дардмӕ зындысты. Лӕппуйы хӕдзары, науӕд та кӕрты къӕсӕрыл дардтой нуазӕнтӕ.

Ӕвзонг лӕппутӕн уадиссаг нӕ дардтой, ирон адӕммӕ уыд ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ-иу нӕлгоймагӕн цалынмӕ йӕ зӕнӕг конд нӕ уыд, уӕдмӕ нуазгӕ нӕ кодта. Нӕ фыдӕлтӕ зӕнджын уыдысты. Расыг нӕлгоймагӕн йӕ зӕнӕг цыдыис низджынӕй, ӕмӕ ахӕм сывӕллӕттӕм хорзмӕ ницӕмӕ ӕнхъӕлӕмӕ кастысты. Фӕсивӕд сӕхи хызтой нозтӕй, стыр худинаг уыд лӕджы расыгӕй фенын. Æмӕ ацы хъуыддаг кӕй ферох ис, уый мӕгуырау хабар у.
Абоны хабӕрттӕй мӕ уый зӕгъын фӕнды — Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр ныр бирӕйӕ цӕуынц чындзхӕссӕг, ӕмӕ уый худинаджы хабар у. Абон фӕсивӕд ӕнӕхонгӕйӕ цӕуын кӕй райдытой, уый дӕр нӕ кадыл дзурӕг нӕу.

Хызисӕн

Хыз иста сыхаг лӕппу ӕмӕ ацы хабарӕй фӕстӕмӕ нымад цыд се ‘ввахс адӕймагыл. Фӕлӕ-иу чындзы мидӕмӕ куы кодтой, уӕд-иу фӕсивӕд тырныдтой хыз сисын ӕмӕ чындзы фенын. Иу ахӕм ӕгъдау ма уыд, ӕмӕ-иу чындзы мидӕмӕ куы фӕцӕй кодтой, уӕд ыл ӕфсин ӕмбӕлд мыды къусимӕ.

Дыккаг бон

Дыккаг бон-иу нымӕттухӕг равдыста лӕвӕрттӕ. Ацы рӕстӕджы-иу чысыл лӕппу йӕ худ фехста нымӕтмӕ ӕмӕ, ацы хабар зонгӕйӕ, нымӕты ӕнӕмӕнг уыд уӕлдай цъындатӕ.

Чындзы, арынг цыран уыд, уыцы хӕдзармӕ кодтой дыккаг-ӕртыккаг бон. Хӕдзар дих кодта сылгоймӕгты ӕмӕ нӕлгоймӕгты хӕйттыл. Уыдон хицӕн кодтой сӕ мигӕнӕнӕй. Сылгоймӕгты фарс хуындис "сӕрзӕдрӕбын". Уый нысан кодта, сылгоймаг сӕм кӕй не ‘рбахаудта, фӕлӕ зӕд. Ацыранмӕ иу бакодтой чындзы ӕмӕ йын стӕй хъуыд сисын йӕ хыз.

Уайсадын

Чындз уайсӕста йӕ хицаумӕ, йе ‘фсинмӕ, йӕ тиумӕ, лӕгы мыггаджы хистӕрмӕ, сыхӕгты хистӕрмӕ. Уый фӕстӕ-иу лӕппутӕ сдзурын кодтой чындзы, уый дӕр та хус ныхӕстӕй нӕ уыд, фӕлӕ-иу сӕрмагондӕй сӕвӕрдтой фынг. Æфсин дӕр-иу ӕй сдзурын кодта йӕхимӕ, фӕлӕ хӕдзары хистӕр — хицау никуы сдзурын кодта йӕхимӕ чындзы, афтӕ домдта ӕгъдау. Уайсадыны хъуыддаг ӕвдисынц Барахъты Гино йӕ поэмӕ "Уӕлладжыры комы" ӕмӕ Плиты Грис "Уӕлахизы кадӕджы".

Фӕстӕдӕр, иу 10 боны фӕстӕ-иу чындзы хъӕуы фӕсивӕд акодтой суадонмӕ фӕндыр ӕмӕ зардимӕ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстой доны бардуагӕн. Суадонмӕ та хурныгуылды фӕстӕ нӕ цыдысты. Ӕнӕцӕугӕ иу кӕд нӕ уыд, уӕд та семӕ хастой зынг ӕмӕ йӕ доны ӕппӕрстой.

Ӕвгъӕды бадын

Чындз-иу сывӕллонмӕ куы ӕнхъӕлӕмӕ каст, уӕд иу ацыд йӕ цӕгатмӕ. Стӕй-иу сывӕллон куы райгуырд, уый фӕстӕ йӕ йӕ мойы хӕдзармӕ куы кодтой, уый та хуыдтой кӕхцхӕссӕн.

Зӕнӕг-иу куы фӕзынд, уӕд чызгӕн арӕзтой авдӕнбӕттӕн, лӕппуйӕн та куывд.

Ног хабӕртты лентӕ
0