Горæты хицæуттæ пырх кæнынц æнæзакъонон агъуыстытæ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы мэрия горæты уынгтæ сыгъдæг кӕны æнæзакъонон агъуыстытæй, кæцытæ фыдуынд кæнынц столицӕйы иумӕйаг архитектурон бакаст.

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы мэрия рахаста уынаффæ, цæмæй пырх æрцæуой æнæзакъонон агъуыстытæ, гаражтæ æмæ базарадон вагонтæ, кæцытæ цæрджытæ сæхæдæг сæвæрдтой бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.

Ацы мадзæлтты фæдыл се ‘нæразыдзинад равдыстой агъуыстыты хицæуттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ бар нæ ракурынц горæты мэрия æмæ горæты архитекторæй сæ фатертæм уæлæмхас агъуыстытæ саразыны тыххæй.

Дыууын азы мидæг хицæутты фидарæй бауырныдта, ацы агъуыстытæ кæй сты сæ сæрмагонд исад æмæ никæмæн ис бар сæ ныппырх кæнын. Уыцы рæстæджы, мэрияйы архитектурæйы хайад нымайы, æнæзакъонон агъуыстытæ кæй фыдуынд кæнынц горæты уынгты бакаст, чысыл кæнынц кæртытæ. Уый фæстиуæгæн сывæллæттæн нал баззайы ирхæфсæн территори.

Ахæм агъуыстыты кæцыдæр хицæуттæ сæхи дарынц тынг агрессивон се ‘нæзакъонон агъуыстытæ сын куы пырх кæнынц, уӕд. Уымæ гæсгæ, мэрияйы минæвæрттæ æнæзакъонон объекттæм цæуынц барадхъахъхъæнæн службæтимæ. Иннæ цæрджытæ разы сты мэрияйы архæйдтытимæ.

"Нæ хæдзары кæрты цæрджытæ сæхæдæг сæвæрдтой гаражтæ, вагонты бакодтой базарадон бынæттæ, сарæзтой нозты продукцийы æвæрæнтæ. Хæдзары фæстæ кæрты та бакодтой хæдтулгæты æрмæдзтæ. Æнæхъæн бон нæ сабыр кæны алыгъуызон машинæты уынӕр. Рыг æмæ хъæлæба тынг хъыг дарынц цæрджыты", — дзуры Харебаты Исахъхъы уынгыл бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг.

Æнæразы цæрджыты бирæнымæц фыстæджытæ горæты мэриямæ нæ баззадысты æнæ дзуаппæй.

© пресс-служба администрации ЦхинвалаÆнæразы цæрджыты бирæнымæц фыстæджытæ горæты мэриямæ нæ баззадысты æнæ дзуаппæй.
Снос незаконных построек в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æнæразы цæрджыты бирæнымæц фыстæджытæ горæты мэриямæ нæ баззадысты æнæ дзуаппæй.

Мерияйы минæвæрттæ ныридæгæн раластой згъæр контейнертæ, кæцыты архайдтой базарадон объекттæ.

"Сæрмагонд техникæ раласта æнæзакъонон контейнертæ горæты иу кæртæй Цхинвалæй æддæмæ. Мэрия къух сарæзта цæрджытæн — бар сын радта мæйы æмгъуыдмæ сæ базарадæн ног бынат ссарын æмæ кæрты фæзуат расæрибар кæнын", — загъта мэрияйы пресс-секретарь Козаты Дзерассæ.

Раздæр горæты хицæуттæ расыгъдæг кодтой иууыл фылдæр æнæзакъонон арæзтæдтæ кæм уæвынад кодтой, уыцы районтæ — Мамсырайы фырты уынг, Харебаты Исахъхъы уынг, БАМ. Сыгъдæг ма æрцæудзысты республикæйы сæйраг горæты иннæ районтæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0