Цхинвалы цытджын уавӕры бакодтой спорткомплекс "Олимп"

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны цытджын уавӕры бакодтой спорткомплекс "Олимп"
Хуссар Ирыстоны цытджын уавӕры бакодтой спорткомплекс Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Комплекс бакӕныны церемонийы хайад райстой уӕрӕсейаг номдзыд спортсментӕ, Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, спортуарзджытӕ ӕмӕ цӕрджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цытджын уавӕры баконд ӕрцыд Алина Кабаевайы номыл спортивон комплес "Олимп", мадзалмӕ ӕрбацыдысты Цхинвалы сӕдӕгай цӕрджытӕ, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Спорткомплексы арӕзтад цыд ӕхсӕз азы дӕргъы хӕрзаудӕн фонд "Спорт за мир"-ы финансон фӕрӕзтӕй. Ӕввахс фидӕны ам ӕппӕт фадӕттӕ дӕр уыдзӕн аивадон гимнастикӕ, хъӕбысхӕст ӕмӕ спорты ӕндӕр хуызтӕй рӕзгӕ фӕлтӕрты цӕттӕ кӕнынӕн.

Цытджын церемонийы рӕстӕджы ӕнӕрлӕугӕйӕ уарыд къӕвда, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, адӕмы нымӕц цъусдӕр нӕ кодта.

© Sputnik / Ада БагианКомплекс бакӕныны церемонийы хайад райстой уӕрӕсейаг номдзыд спортсментӕ, Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, спортуарзджытӕ ӕмӕ цӕрджытӕ.
Открытие спорткомплекса Олимп в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Комплекс бакӕныны церемонийы хайад райстой уӕрӕсейаг номдзыд спортсментӕ, Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, спортуарзджытӕ ӕмӕ цӕрджытӕ.

Аивадон гимнастикӕйӕ олимпиаг чемпионкӕ, зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг Алина Кабаева куыд радзырдта, афтӕмӕй комплекс кӕд Хуссар Ирыстонӕн лӕвар ӕрцыд, уӕддӕр ӕй дарддӕр дӕр ӕнӕ хъусдард нӕ ныууадздзысты.

"Комплексы мидӕг ис уазӕгдон дӕр ӕмӕ мӕ фӕнды фидӕны ардӕм аивадон гимнастикӕйы тренер ӕрхонын, цӕмӕй бынаты куса сабитимӕ", — банысан кодта Кабаева.

Мадзалы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта Кабаевайы "Кады Орден"-ӕй.

Спорткомплекс "Олимп"-ы бахизӕны ма арӕзт ӕрцыд Кады аллей, цыран уал ныридӕгӕн фыст ӕрцыдысты цыппар номдзыд уӕрӕсейаг спортсмены — Алина Кабаева, Александр Карелин, Николай Валуев ӕмӕ Наталья Рагозинайы нӕмттӕ.

Цытджын мадзалы ма хайад райстой Ирыстоны номдзыд спортсментӕ — Андиаты Сослан, Фадзайты Арсен, Богъиты Вадим, Гуæцæлты Хадзымурат ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Алина Кабаевайы номыл спортивон комплексы арӕзтадӕн Цхинвалы бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2009 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0