Хуссар Иры ахуырадон уагдӕттӕ цӕттӕ сты хъармгӕнӕн сезонмӕ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры ахуырадон уагдӕттӕ цӕттӕ сты хъармгӕнӕн сезонмӕ
Хуссар Иры  ахуырадон уагдӕттӕ цӕттӕ сты хъармгӕнӕн сезонмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районты скъолатӕй хъармгӕнӕн системӕ кӕцыты нӕй, уыдоны та зымӕджы судздзысты сугы пецтӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕппӕт ахуырадон уагдӕттӕ дӕр цӕттӕ сты хъармгӕнӕн сезонмӕ, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министры хӕдивӕг Лолаты Аслан.

Хъармгӕнӕн сезон республикӕйы райдайдзӕн цыппӕрӕмы. Ацы рӕстӕгмӕ ахуырады министрад бацӕттӕ кӕны скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты фӕззыгон уазӕлттӕм.

"Республикӕйы 53 скъола ӕмӕ ӕппӕт рӕвдауӕндӕттӕ дӕр цӕттӕ сты хъармгӕнӕн сезонмӕ. Скъолатӕ ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕй хъармгӕнӕн системӕ кӕмӕн нӕй, уыдон та ифтонг ӕрцыдысты сугӕй", — банысан кодта Лолаты Аслан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, суджы пецтӕй фылдӕр архайынц районты скъолаты. Цхинвалы ма ӕнӕ хъармгӕнӕн ситемӕйӕ уӕвынад кӕны ӕрмӕстдӕр 20-ӕм сабидон.

Ног хабӕртты лентӕ
0