ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. УФ Федералон таможнæйон службæ фæахъаз хуссарирыстойнаг транспортон фæрæзтæн рæстæгмæ баласт саразыны тыххæй цы проблемæтæ сæвзæрд, уыдон аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы, фехъусын кодта Sputnik таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.
Хуссарирыстойнаг скъæрджытæн 8 октябры фадат фæзынд транспортон фæрæзтæн рæстæгмæ баласт иу азы æмгъуыдмæ аразынæн раздæры æртæ мæйы бæсты. Фæлæ уый æмрæстæджы, Зæрæмæджы уадзæн пункты фæкарздæр кодтой басгæрсты уагæвæрд. Цæгат Ирыстоны территорийыл иудадзыг пропискæ цы хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн ис, уыдонæн лæвæрд нæ цыд рæстæгмæ баласт.
"Президент Тыбылты Леониды фæдзæхстмæ гæсгæ æз фембæлдтæн УФ-йы Федералон таможнæйон службæйы къухдариуæгадимæ. Фембæлды рæстæджы мах бадзырдтам, уæрæсейаг таможнæйон ведомствӕ кæй бакæндзæн алыварсон æххуыс проблемæ скъуыддзаг кæныны фарсты",- загъта Цхуырбаты Мурæт.
Уый ныфс бавæрдта, абонæй фарст кæй æрцыд скъуыддзаг æмæ хуссарирыстойнаг скъæрджытæ сæхи транспортыл арæныл кæй хиздзысты раздæры режиммæ гæсгæ.