Хуссар Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны цæрджыты сфыст

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Апарахатгонд информацимæ гæсгæ, ныридæгæн сфыстæуыд Хуссар Ирыстоны 46 мин цæрæгæй фылдæр. Бæстондæр бæрæггæнæнтæ бакæнгæ куысты тыххæй журналисттæн фехъусын кæндзысты сфысты кæрон, загъта Статуправленийы сæргълæууæг.

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджыты иумæйаг сфыст фæхæццæ кæны кæронмæ, республикæйы кæцыдæр районты æрæвнæлдтой сфысты фæстиуджыты нымайынмæ, фехъусын кодта Sputnik цыппæрæмы Статуправленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал.

Хуссар Ирыстоны райдыдта цӕрджыты иумӕйаг сфыст

Цæрджыты иумæйаг сфыст Хуссар Ирыстоны уагъд цæуы фæстаг дыууын фондз азы мидæг фыццаг хатт. Сфысты бындурон фазæ адарддæр уыдзæн 16 боны (15 — 30 октябры). Статуправленийы фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, дыццæгмæ сфыст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны 46 мин цæрæгæй фылдæр.

"Иумæйаг сфыст бахызт кæронбæттæн этапмæ, мадзал цæуы нормалон уавæры. Бакæнгæ куысты тыххæй бæстондæр информаци массон информацийы фæрæзтæм бавдисдзыстæм сфысты кæрон — 31 октябры", — загъта уагдоны сæргълæууæг.

Цæрджыты иумæйаг сфыстæн Хуссар Иры ис стыр социалон æмæ политикон нысаниуæг

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сфысты развæлгъау бæрæггæнæнтæ бæрæг уыдзысты ацы азы кæронмæ, хатдзæгонтæ та мыхуыр æрцæудзысты 2016 азы июлы. Фæстиуджытæ мыхуыр æрцæудзысты хицæн æмбырдгондæй, уымæй дарддæр ма, бæрæггæнæнтæ (персоналон æмæ ма паддзахады æдасдзинадæн тас дзы зонæнтæ хæссынц, уыдонæй дарддæр), æвæрд уыдзысты Статуправленийы сайтыл.

Хуссар Ирыстоны цӕрджыты сфыст фӕстаг хатт уагъд ӕрцыд 1989 азы. Республикӕйы цӕрджыты нымӕц уӕд уыд 98,5 мин адӕймаджы. Уыдонӕй 65 минӕй фылдӕр ирӕттӕ, 28 мин гуырдзиӕгтӕ, дыууӕ мин уырыссӕгтӕ. Иннӕтӕ — дзуттаг, сомихаг ӕмӕ ӕндӕр нациты минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0