Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын

© Фото из архиваАбайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг.
Абайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд ахуыргонд Абайты Уасойы райгуырдыл декабры сӕххӕст уыдзӕн 115 азы. Иры дзыллӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, ахуыргонды юбилеймӕ йӕ музей цытджын ӕгъдауӕй йӕ дуӕрттӕ кӕй бакӕндзӕн, фӕлӕ фыдӕнхъӕл фесты. Арӕзтадӕн финансон фӕрӕзтӕ нал ис.

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Ирон гениалон ахуыргонд, ирзонӕдты профессор Абайты Уасойы хӕдзар-музейы арӕзтадӕн ацы аз финасон фӕрӕзтӕ кӕй не ‘сфаг, уымӕ гӕсгӕ йӕ аргъӕвтой 2016 азмӕ, фехъусын кодтой Sputnik Арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Абайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. 2014 азы бӕстыхай аразынмӕ бавнӕлдта татарстайнаг арӕзтадон фирмӕ "Эверест" — уый объект арӕзта Хуссар Ирыстонӕн лӕвары хуызы. Фирмӕйы минӕвӕрттӕ фидарӕй ныфс ӕвӕрдтой, хӕдзар кӕй сцӕттӕ уыдзӕн гениалон ахуыргонды 115 азы юбилеймӕ, кӕцы нысан цӕуы 2 декабры. Арӕзтадон организацийӕн йӕ къухы цы объекттӕ уыд, уыдон нымӕц куы фӕкъаддӕр ис, уӕд сӕ лӕвар дӕр ӕрдӕгарӕзтӕй аззад.

© Sputnik / Ада БагианАбайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын
Незавершенное строительство дома-музея Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын

 

Арӕзтады министрады пресс-службӕйы Sputnik куыд радзырдтой, афтӕмӕй фӕстауӕрцон финансон фӕрӕзтӕ азы кӕрон республикӕйы нал ис ӕмӕ музейы арӕзтад аргъӕвтой 2016 азмӕ.

"Абайты Уасойы хӕдзар-музейы арӕзтад фӕнд кӕнынц фӕуын ӕрбалӕугӕ азы. Фыццаг рады фӕнд кодтой фӕстауӕрцон финансон фӕрӕзтӕй бахӕццӕ кӕнын кӕронмӕ арӕзтад, фӕлӕ ныридӕгӕн нӕ фадӕттӕ къуындӕг сты — сӕрибар фӕрӕзтӕ республикӕйы нал ис. Арӕзтады министрад архайдзӕн 2016 азы фӕрӕзтӕ ссарыныл", — загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Алена.

Абайты Уасойы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей Цхинвалы авд азы ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ сӕндидзынмӕ

Абайты Уасойы раздӕры хӕдзарӕй музей сарӕзтой 2000 азы. 8 азы фӕстӕ бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. Уӕдӕй абоны онг ӕппӕт дуне дӕр сӕрыстыр цы ахуыргондӕй сты, уый музейӕн саразын нал ӕнтысы.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 2 декабры. Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0