Энергетиктæ сæндидзын кодтой электронон ифтонгад Хуссар Иры хъæуты

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæЗнауыры районы цалдæр хъæу ныры онг сты æнæ рухсæй
Знауыры районы цалдæр хъæу ныры онг сты æнæ рухсæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд майрæмбоны æхсæв Знауыры районы дæс хъæуæй фылдæр баззадысты æнæ рухсæй. Ӕрдзон бӕллӕхы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой "Энергоресурсы" кусджытæ.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. "Энергоресурсы" цалцæггæнæн бригадæтæ аиуварс кодтой Хуссар Ирыстоны Знауыры районы æмæ Цхинвалы микрорайонтæй цалдæры электрон хаххытыл цы аваритæ æрцыд, уый фæстиуджытæ, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон куыстуаты директоры хæдивæг Гæбæраты Анатолий.

Ивгъуыд цыппæрæмы цы тыхдымгæ сыстад, уый ныскъуыдтæ кодта электрон хæххытæ, Знауыры районы æнæ рухсæй баззадысты дæс хъæуæй фылдæр. Майрæмбоны изæрмæ "Энергоресурсы" кусджытæ аиуварс кодтой тыхдымгӕйы фæстиуджытæ.

"Нырма нын нæ бантыст Знауыры районы Пичъиджыны хъæу, цыран ис æртæ хæдзары, рухсæй сифтонг кæнын. Тынг æвзæр фæндаг æм кæй ис, уый аххосæй цалцæггæнæн бригадæйæн нæ бантыст уырдæм бацæуын", — загъта Гæбæраты Анатолий.

Знауыры районы сæргълæууæг Джиоты Рустем фехъусын кодта Sputnik, æвзæр боныгъæд фадат кæй нæ дæтты фæндагон службæтæн Пичъиджыны хъæумæ фæндаг сцалцæг кæнын. Уый ныфс бавæрдта, куыддæр боныгъæд фæхуыздæр уа, афтæ ацы проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн æмæ энергетиктæ æрæвналдзысты тыхдымгæйы фæстиуджытæ кæронмæ иуварс кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0