Сæ хæдзæрттæ цы цхинвайлæгтæн басыгъдысты, уыдонæн арендæйы æхца фиддзæн хицауад

© SputnikЗынгсивæрзты рæстæджы Цхинвалы басыгъдысты хæдзæрттæ
Зынгсивæрзты рæстæджы Цхинвалы басыгъдысты хæдзæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсивæрзты рæстæджы Цхинвалы цы хæдзæрттæ басыгъдысты, уыдоны хицæуттæ райсдзысты хицауадæй иурæстæгон æххуыс.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Ивгъуыд майрæмбоны зынгсивæрзты рæстæджы цы цхинвайлæгты цӕрӕнуӕттæ басыгъдысты, уыдонæн баххуырсдзысты хæдзæрттæ, фехъусын кодтой Sputnik Цхинвалы мэрияйы.

Арендæйы æхца фидыны хъуыддаг сæхимæ райсдзысты горæты хицæуттæ. Раздæр куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зианбаййафджытæн хъуамæ рахицæн кодтаиккой цæрæнуæттæ ног микрорайон "Хурзæрин"-ы, фæлæ дзы сæрибар фатертæ нæ разынд.

Цхинвалы басыгъд цалдӕр хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы басыгъд цалдӕр хӕдзары

Зынгсивæрзт ма ноджы цы дыууæ хæдзарæн æрхаста зиан, уыдон æрцæудзысты цалцæг, раивдзысты сын сӕ агъуыстытæ Цхинвалы мэрияйы фæрæзтæй.

Мэрияйы пресс-службæйы банысан кодтой, горæты администраци сын кæй фиддзæн æрвылмæйон арендæ, цалынмæ нæ фæзына фадат уыдон паддзахадон цæрæнуатты æрцæрын кæнынӕн.

"Мах ныридæгæн цæрæм æххуырсгæ цæрæнуæтты. Мэрияйы нын загътой, кæй стæм сæрибар арендæйы æхца фидынæй. Сырх Дзуары минæвæрттæ нын æрбахæссынц хæлцы продукттæ, фыццаг рады æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Мах æгæрон бузныг стæм, чи нын æххуыс кæны, уыцы адæмæй", — загъта Sputnik йæ хæдзар кæмæн басыгъд, уыцы сылгоймаг Лохты Алла.

Сæ хӕдзӕрттӕ кæмæн басыгъдысты, уыцы бинонтӕ уал æрцæрдзысты Хурзӕрины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæ хӕдзӕрттӕ кæмæн басыгъдысты, уыцы бинонтӕ уал æрцæрдзысты "Хурзӕрины"

Президенты уынаффæмæ гæсгæ, сæ хæдзæрттæ æмæ мулк цы бинонтæн басыгъд, уыдон райсдзысты иурæстæгон материалон æххуыс, загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, материалон æххуысы бæрц снысан кæндзысты Президенты цур Сæрмагонд хыгъды фæдыл цæстдарæн советы рабадты рæстæджы.

"Зианбаййафджыты номхыгъд Цхинвалы мэрия бавдисдзæн цæстдарæн советмæ. Сæ хæдзæрттæ æмæ мулк цъыбыртты сыгъд баисты æртæ бинонтæн, дыууæ хæдзарæн басыгъ сæ агъуыст. Зианбаййыфджытæ се `ппæт дæр райсдзысты иурæстæгон æххуыс", — загъта президенты пресс-секретарь.

Уый ма банысан кодта, зынгсивæрзты рæстæджы ма кæй бахъыгдард сты дыууæ фатеры, кæцыты хицæуттæ ныртæккæ республикæйы территорийыл нæ цæрынц. Ацы хæдзæртты хицæуттæ ныртæккæ цæуынц бæлвырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0