Хуссар Ирыстоны майрæмбоны ногæй ахицæн кæндзысты рухс

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны майрæмбоны ногæй ахицæн кæндзысты рухс
Хуссар Ирыстоны майрæмбоны ногæй ахицæн кæндзысты рухс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рухсы ахицæн баст у цæгатирыстойнаг электрон хызæджы профилактикон куыстытимæ.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны майрæмбоны ногæй ахицæн кæндзысты электроэнерги Цæгат Ирыстоны территорийыл электрон хызæджы нывæзтгонд куыстыты аххосæн, фехъусын кодта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директор Гæбæраты Алан.

Фæстаг бонты нæ республикæйы арæх ахицæн вæййы рухс. Дыццæджы райсом авд сахатæй изæры фондз сахатмæ республикæйы æппæт территорийыл нæ уыд электроэнерги. "Энергоресурс"-ы фехъусын кодтой, рухс ахицæны аххосаг ссисты аваритæ электрохæххытыл Цæгат Ирыстоны территорийыл.

"Майрæмбоны рухс ногæй нæ уыдзæн, Цæгат Ирыстоны территорийыл профилактикон куыстытæ уагъд кæй цæудзысты, уый аххосагæн", — загъта Гæбæраты Алан.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны электрон ифтонгад хицæн кæй уыдзæн 9 сахатæй 18 сахаты онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0