"Мæскуыйаг" микрорайоны сцалцæг кæндзысты фæндаг

© Sputnik / Диана КозаеваМæскуыйаг микрорайон
Мæскуыйаг микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаг капиталон æгъдауæй сцалцæг кæныны фæдыл хæслæвæрд фæндагон службæтæн радта дыццæджы президент Тыбылты Леонид. Ныридæгæн райдыдтой цæттæгæнæн куыстытæ.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Дыууæ скъоладзауы мад Гасситы Динæ алы райсом дӕр кæны йæ сывæллæтты микрорайон "Мæскуыйаг"-ы уæвæг гимнази "Рухс"-мæ. Æрвылбондæр йæ цæстыты раз ис иугъуызон ныв — дæсгай машинæтæ зынæй цæуынц уынгæг, дæрæнгонд фæндагыл. Цæмæй машинæ æрзилай, уый тыххæй дзырд дӕр нæ цæуы.

"Мæскуыйаг" микрорайон æппæт æнæмæнгхъæуæг инфрасруктурæимæ Цхинвалы цæгатгæрон арæзт æрцыд 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы фæстæ. Районмæ арæзт æрцыд ног асфальтгонд фæндаг, фæлæ уый уайтагъд æрцыд кæлæддзаг уавæрмæ. Сабидон æмæ дзы скъола куы скуыстой, уæд фæндагыл микрорайоны цæрджытæй дарддæр цæуын райдыдтой сæдæгай ныййарджытæ æмæ сывæллæттæ.

"Æрвылрайсом ам сæмбырд вæййынц сæдæгай машинæтæ. Мæхæдӕг цалдæр хатт уыдтæн аварион уавæрты æвдисæн, дыууæ машинæйæн фадат кæй нæ уыд ахизынæн, уый фӕстиуӕгӕн. Уыимæ иумæ, ныййарджытæй алчи нæ кæны йæ сывæллæтты машинæйыл, бирæтæ цæуынц фистæгæй. Хорз боныгъæды дæр дзы зын у ацæуын, къæвда бонты æмæ зымæджы уавæр бынтон февзæрдæр вæййы", — дзуры Динæ.

© Sputnik / Диана Козаева Мæскуыйаг микрорайон
Московский микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйаг микрорайон

Ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзауты ныййарджытæ иу æмæ дыууæ хатт нæ аздæхтой горæты хицауады хъусдард ацы проблемæмæ. Дзырд ыл цыдис æрæджы, президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы.

Дыццæджы президент Тыбылты Леонид фæуазæг микрорайонмæ, цыран фæндаджы кæлæддзаг уавæр фенгæйæ, бахæс кодта фæндагон структурæтæн æввахс рæстæджы æрæвналын ацы фадыг сцалцæг кæнынмæ.

"Боныгъæд бар куыд ратта, афтæ хъæуы æрæвналын фæндаг цалцæг кæнынмæ. Ацы фæндаг суыдзæн лæвар микрорайоны цæрджытæн, ахуыргæнджытæн, скъоладзаутæ æмæ сабидæтты хъомылгæнджытæн", — загъта Тыбылты Леонид.

Ацы хабарыл иууылдæр тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты. Микрорайоны цæрæг Хаситы Заринæ Sputnik куыд загъта, афтæмæй бинонты бюджетæй егъау фæрæзтæ цæуынц такситыл, уымæн æмæ кæд хæлд фæндаджы фадыг тынг даргъ нæу, уæддæр ыл фистæгæй цæуын æнцон нæу.

"Æрæджы нæм райдыдта цæуын æхсæнадон транспорт, фæлæ мын алыхатт рæстæгыл нæ бантысы хæдзарæй рахизын. Цæрын микрорайоны кæрон. Уымæ гæсгæ мын зын у ацы фæндагыл цæуын. Ныфс мæ ис, тагъд æй кæй сцалцæг кæндзысты. Уæд микрорайоны цæрджыты цард бæрæг фæрогдæр уыдзæн", — загъта уый.

Фæндаг сцалцæг кæнынæй дарддæр ма цæрджыты ныфс ис, æмæ фæндаг кæй фæуæрæхдæр кæндзысты газонты территориты хайы фæрцы.

Автомобилон фæндæгтæ æмæ фæндагон арæзтады комитеты сæргълæууæг Гуыззыттаты Эдуард Sputnik куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ тыхы бацыдысты ацы фадыджы цæттæгæнæн куыстытæ.

"Фыццаджыдæр хъæуы ауадзын коммуникациты ревизи, сбæрæг кæнын, кусынц æви нæ. Уый фæстæ райдайдзæн куыстыты бындурон фазæ", — загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæндаг фæуæрæхдæр кæныныл дзырд нырма нæ цæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0