Сæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмкъæйттæ лæууынц рады ЭКУ-мæ

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæСæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмкъæйттæ лæууынц рады ЭКУ-мæ
Сæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмкъæйттæ лæууынц рады ЭКУ-мæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад рахицæн кæндзæн фæрæзтæ ЭКУ-йæн.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министрад раздахдзӕн Мæскуыйы ООО Экоцентр "Альтравита"-йæ 7 милуан æмæ 700 мин сомы бæрц æхцайы фæрæзтæ. Ацы фæрæзтæ раздæр рахицæн кодтой æмкъæйтты экстракорпоралон уддзыдæн æмæ лæууынц уагдоны хыгъдыл æнæспайдагондæй, фехъусын кодта Sputnik æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министр Григорий Кулиджанов.

"Фæстаг æзты мах нал æрвыстам æмкъæйтты ЭКУ-мæ финансон фæрæзты хъуагдзинады тыххæй. Ныридæгæн генералон прокуратурæйы уылты фæстæмæ здæхт цæуынц, министрады раздæры къухдариуæгад цы 7 милуан æмæ 700 мин сомы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта Экоцентр "Альтравита"-йæн, уыдон", — загъта Кулиджанов.

Министр банысан кодта, зӕгъгӕ, куыддæр æхцайы фæрæзтæ бантыса раздахын, афтæ Уæрæсемæ уддзыдмæ ацæудзысты фыццаг æмкъæйттæ. ЭКУ-йы рады лæууынц 106 бинонтӕ.

"Ацы фæрæзтæ алкæй фаг не суыдзысты. Экстракорпоралон уддзыдмæ фыццаджыдæр арвитдзыстæм кардзыд сылгоймæгты, уымæн æмæ цас хистæр у сылгоймаджы кар, афтæ йæ тагъддæр хъæуы арвитын", — загъта министр.

Ног хабӕртты лентӕ
0