Сӕйраг ногазон наз бӕлас Цхинвалы бакӕндзысты 29 декабры

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæХицауады къамис сфидар кодта ногазон мадзӕлтты нывӕзт
Хицауады къамис сфидар кодта ногазон мадзӕлтты нывӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон рухсытӕ, бӕрӕгбонон концерттӕ , хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ ӕмӕ президентон Наз бӕлас ӕнхъӕлмӕ кӕсынц республикӕйы цӕрджытӕм.

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik, Козаты Диана. Ногазон бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ райдайдзысты 21 декабры. Хицауады къамис сфидар кодта ногазон мадзӕлтты нывӕзт, хъусын кӕнынц президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

"Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ райдайдзысты 21 декабры сывӕллӕтты акци "Бӕллицтӕ ӕххӕст кӕнынц"-ӕй. Йӕ организатор у ахуырады министрад. Акци райдайдзӕн Цхинвалы ӕмӕ дыккаг бон аххӕсдзӕн Ленингормӕ", — загътой пресс-службӕйы.

Ахуырады министр Гасситы Натали куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй мадзал уадзынц Воронежы сывӕллӕтты фондимӕ. Йӕ фӕлгӕтты уагъд ӕрцӕудзысты акцитӕ сывӕллӕттӕн патриотикон хъомылад раттыны нысанӕн ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ. Уымӕй дарддӕр ма Цхинвал ӕмӕ районты скъоладзаутӕ райсдзысты лӕвӕрттӕ Сывӕллӕтты фондӕй.

Ногазон хъомпал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногазон хъомпал

Республикӕйы аивадон коллективтӕ сӕ куыстӕн хатдзӕгтӕ сараздзысты 25 декабры иумӕйаг концерты рӕстӕджы.

Ногазон бӕрӕгбоны иууыл стырдӕр уыдзӕн сӕйраг наз бӕлас бакӕныны мадзал, уагъд ӕрцӕудзӕн 29 декабры боны дыууӕ сахатыл Театралон фӕзуаты.

29 декабрӕй суанг 13 январмӕ сывӕллӕттӕн фадат уыдзӕн аргъӕутты хъайтартимӕ сӕмбӕлынӕн, уый сӕраппонд Профцӕдисты бӕстыхайы цӕудзысты мадзӕлттӕ "Уазӕгуаты аргъаумӕ".

Паддзахадон телерадиокомпани "ИР" дӕр бацӕтӕ кӕндзӕн ногазон программӕ "Фарны изӕр", кӕцы ӕвдисдзысты 31 декабры 21:00 сахатӕй фӕстӕмӕ.

1 январы 00:30 сахатыл Театралон фӕзуаты райдайдзӕн "Балц ногазон ӕхсӕвмӕ". Раст ӕхсӕвы фыццаг сахатыл та Цхинвалы сӕрмӕ арв срайдзаст уыдзӕн бӕрӕгбонон фейерверктӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0