Гуырдзыстонимæ контакттæ аразæн уыдзæн æрмæстдæр Хуссар Иры банымайыны фæстæ

© Sputnik / Ада БагианДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии.
ДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ФХМ-йы сæргълæууæджы хæдивæг сарæзта комментаритæ Гуырдзыстоны премьеры бынатмæ кандидаты уынаффæйы фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон араздзæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ Гуырдзыстонимæ æрмæстдæр уый фæстæ, Тбилис куы банымайа республикæйы хæдбардзинад æмæ нæ адæмы ныхмæ геноцид, фехъусын кодта дыццæджы Sputnik фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан.

Гуырдзыстоны премьер-министры бынатмæ кандидат Георгий Квирикашвили фехъусын кодта, Тбилис кæй аразы ныфсхаст æмæ хъæбатыр къахдзæфтæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны адæмимæ фидыды фæндагыл.

"Гуырдзыстон куы банымайа нæ хæдбардзинад æмæ нæ адæмы ныхмæ геноцид, æрмæстдæр уый фæстæ йемæ аразæн уыдзæн æмæхсæнадон ахастытæ", — загъта министры хæдивæг.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзиаг паспорттӕ байуарыны хъуыддаг Хуссар Иры нымайынц "радон рӕдыд къахдзӕфыл"

Гуырдзыстоны ног хицауады минæвæрттæ, кæцытæ 2012 азы октябры æвзæрстыты рæстæджы æрлæууыдысты хицауады сæргъ, иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой, ныфс сæ кæй ис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территоритæ раздахын æрмæстдæр сабыр амæлттæй архайгæйæ.

УФ-йы къухдариуæгад иу æмæ дыууæ хатт нæ хъусын кодта, Гуырдзыстоны раздæры автономиты банымад кæй æвдисы абоны реалитæ æмæ йæм фæлхаттон æркаст нæ уыдзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0