Парламент профессионалон бындурмæ рахызты фæдыл закъон арвыстой президентмæ

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дæс боны æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны президент йæ къух хъуамæ бафысса Конституцимæ барастгæнинæгтыл, цæй фæстæ парламент æрæвналдзæн профессионалон бындурыл куыстмæ.

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент арвыста президенты къухфысты тыххæй Конституцимæ барастгæнинæгтæ, цæмæй парламент рахиза профессионалон бындурыл куыстмæ, фехъусын кодта Sputnik закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Олеся.

Ивгъуыд азы фæстаг рабадтыл парламент æххæстæй схъæлæс кодта, цæмæй рахиза профессионалон бындурыл куыстмæ. Уый нысан кæны, депутаттæн кæй уыд фадат сӕ хæстæ æххæсткæныны æмрæстæджы æндæр бынæтты кусын дæр, ныр та уыдон хъуамæ равзарой сæ куыст ныууадзын æви депутатон мандат фæстæмæ раттын.

"Президентмæ къухфысты тыххæй барастгæнинæгтæ мах арвыстам æртыццæджы. Паддзахады сæргълæууæг сыл йæ къух хъуамæ бафысса дæс боны æмгъуыдмæ", — загъта Коцты Олеся.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, парламент бахъахъхъæдта æппæт конституцион домæнтæ æмæ æмгъуыд.

"Теоретикон æгъдауæй, бар нæй æмæ президент ма сраза уа ацы барастгæнинæгтимæ",- загъта депутат.

Раздæр Sputnik цы æрфарст ауагъта, уымæ гæсгæ парламент профессионалон бындурмæ рахызты фæстиуæгæн депутатты иу хай адарддæр кæндзæн профессионалон архайд, иннæтæ та равзæрстой куыст хицауады æххæстгæнæн органты. Депутаттæй кæцыдæртæ та аскъуыддзаг кæндзысты сæ куысты бынат, барастгæнинæгтæ сæ тыхы куы бацæуой, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0