Тыбылты Леонид: ӔУТ зыгъуыммӕ кӕны 2008 азы августы цаутӕ

© Sputnik / Диана КозаеваРХИ президент Тыбылты Леонид
РХИ президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕмӕй 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ӕрцӕугӕ цаутӕ зыгъуыммӕ ӕвдыст ма цӕуой, уый тыххӕй махмӕ хъуамӕ уа Гуырдзыстоны ӕфсӕддон фыдракӕндты фӕдыл фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, загъта президент Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Ӕхсӕнадон уголовон тӕрхондон фӕлвары, зыгъуыммӕ равдисын ӕрмӕст 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ӕрцӕугӕ цаутӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ агъоммӕ цаутӕ дӕр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид цыппӕрӕмы республикӕйы генералон прокуратурӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады къухдариуӕгадимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Цхинвал 2008 азы августы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир дӕтты ӕдасдзинады гаранти ӔУТ-ы слестгæнджытӕн РХИ-ы куысты рӕстӕджы

"Мах зонӕм, цавӕр ӕбуалгъ фыдракӕндтӕ сарӕзта гуырдзыстойнаг фашизм Хуссар Ирыстон ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ. 2008 азы августы арӕзт ӕрцыд адӕймагады ныхмӕ фыдракӕнд. Абоны бон ӔУТ-ы прокуратурӕ цы уынаффӕтӕ аразы, уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг у, уый кӕй фӕлвары зыгъуыммӕ равдисын ӕрмӕст 2008 азы августы Хуссар Иры ӕрцӕугӕ цаутӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ агъоммӕ цаутӕ дӕр", — нымайы Тыбылты Леонид.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕстӕ ӕмӕ йӕ цӕрджыты интерестӕ бахъахъхъӕныны нысанӕн республикӕйы къухдариуӕгад кӕй хъуамӕ уа цӕттӕ ахӕм быцæусидтӕн дзуапп раттынмӕ.

Раздӕр Тыбылты Леонид рахуыдта абсурд ӕмӕ мӕнгдзинадыл ӔУТ-ы прокурор Фату Бенсудайы уынаффӕ, ома 2008 азы амӕттӕгты ӕхсӕн кӕй ис фӕмардуӕвӕг гуырдзиаг фидауынгӕнджытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0