Транскам æрӕхгæдтой фæндагон змæлдæн

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам æрӕхгæдтой фæндагон змæлдæн
Транскам æрӕхгæдтой фæндагон змæлдæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаг сæхгæдтой митуард æмæ зæйтæ æрцæуынæй тасы фæстиуæгæн.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль у æхгæд тыхджын митуарды æмæ зæйтæ æрцæуынæй тасы фæстиуæгæн, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы радгæсон хайы.

"Фæндаг уыдзæн æхгæд Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сæйраг управленийы сæрмагонд бардзырды онг. Фæндаджы цæгаттаг фадыгыл æрцыд цалдæр зæйы æмæ тас у ног зæйтæ æрцæуынæй", — загътой УУМ-ы.

Транскамы хуссарварс дæр æхсæвы уыд тыхджын митуард, æруарыд 30 см-ы бæрц мит, фæлæ æмбæлон службæтæ ныридæгæн асыгъдæг кодтой фæндаг.

Транскам у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар æмæ Цæгат Ир.

Ног хабӕртты лентӕ
0