Амалиуæггæнджытæ сӕ базайрӕгтӕ арæныл ласынц раздæры режиммæ гæсгæ

© Sputnik / Владимир Горовых /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæн
Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæргътæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл æрбаласыны проблемæ кæронмæ скъуыддзаг нæма æрцыд, нырма бæрæг нæу мадзал проблемæйы æлхынцъон скъуыддзаг у æви нæ.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджытæн ногæй фадат фæзынд сæ базайрæгтæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл раздӕры режиммӕ гӕсгӕ æрбаласын, ома уаргъæн документтæ иууылдæр нæ райсгæйæ, радзырдта Sputnik Цхинвалы мини — маркеттӕй сӕ иуы хицау Тедеты Вадим.

Азы райдайæны уæрæсейаг таможнæйы кусджытæ æрдомдтой, цæмæй Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ цы базайраг ласынц, уымæн докумæнттæ аразой æххæстæй.

"Фæстаг дыууæ мæйы дæргъы мах æмбæлдыстæм ацы проблемæимæ. Æндæр фадат нын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ нæ базайраг ластам хæйттæй рог машинæтыл. Арæныл проблемæты аххосæй фæлхасгæнджытæ махæй райгонд нæ уыдысты. Ацы фарст æрæвæрдтам хицауады уæнгты, парламенты спикеры раз дæр. Цалдæр боны размæ нын фыццаг хатт бантыст нæ базайраг уæзласæн машинæйы æрбаласын. Деклараци байдзаг кодтон æрмæстдæр 30 хуыз базайрагæн, кæд æмæ машинæйы базайраг уыд дæс хатт фылдæр", — дзуры амалиууæггæнæг.

Уӕрӕсейы таможнæ бакæндзæн алыварсон æххуыс баластимæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынӕни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы таможнæ бакæндзæн алыварсон æххуыс баластимæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынӕн

Уый банысан кодта, фæстаг æзты республикæмæ базайраг ласт кæй цæуы ахæм схемæмæ гæсгæ, фæлæ æрвылаз дæр азы райдайæны æнæмæнгæй фæзыны ацы проблемæ.

Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт загъта Sputnik уацхæссæгæн, уæргътæ æрбаласынимæ проблемæ кæй аскъуыддзаг, фæлæ бæлвырдæй нæ загъта, ацы скъуыддзаг æлхынцъон у æви рæстæгмæ.

Хуссар Ирыстоны хицауады вице-премьер Тъехты Алан, кæцы архайдта ацы проблемæ æрнывыл кæныныл, цыбыртæй загъта Sputnik, проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн кæй фæахъаз сты хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг коллегæты бадзырдтæ таможнæйы къабазы.

Ног хабӕртты лентӕ
0