Ленингоры районы æрурæдтой арæнсæттæджы

© Sputnik / Михаил ХасиевАрæнхъахъхъæнджытæ
Арæнхъахъхъæнджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнхъахъхъæнджытæ бæлвырд кæнынц инциденты уавæртæ, æрмæджытæ лæвæрд æрцыдысты тæрхондонмæ.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой 31-аздзыд Тбилисы цæрæджы, кæцы фехæлдта паддзахадон арæны режим, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны ПÆК-ы пресс-службæйы.

Азы райдайæнæй арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой æхсæз арæнсæттæджы. Халыны цаутæ иууылдæр æрцыдысты республикæйы Цхинвалы районы.

"Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл, Ленингоры районы Ахмадзы цур арæнхъахъхъæнджытæ æртыццæджы æрурæдтой паддзахадон арæн фехалыны фæдыл 1985 азы гуырд Гуырдзыстоны æмбæстаджы. Уый у Тбилисы цæрæг", — фехъусын кодта ПÆК-ы минæвар.

ПÆК-ы арæнгæрон службæ ‘взары хъуыддаг, дзырд цæуы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0