Хуссар Ирыстоны базæйы райдыдтой артиллеристты ахуыртæ

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæАртиллеристты ахуыртæ
Артиллеристты ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыртæм ма æрæвнæлдтой Хуссар æфсæддон зылды Цæгат Ирыстоны, Дагестаны, Мæхъæлы æмæ Цæцæны хæйтты дæр.

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг базæйы артиллерион дæлхæйттæ райдыдтой ахуыртæ сæрмагонд техникæ æмæ хæцæнгæрзты нырыккон системæтæй спайда кæнгæйæ, фехъусын кодта майрæмбоны Хуссар æфсæддон зылды (ХÆЗ) пресс-службæ.

Ахуыртæм ма æрæвнæлдтой Хуссар æфсæддон зылды Цæгат Ирыстоны, Дагестаны, Мæхъæлы æмæ Цæцæны хæйтты дæр.

"Ахуырты рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт æрцæудзæн нырыккон радиолокацион комплекстæ "Зоопарк-1", "Мста-С", æмæхсты модернизацигонд реактивон системæтæ "Торнадо-Г", "Град" æмæ "Ураган", танктыныхмæ ракетон комплекстæ "Штурм-С", минææхсæгтæ "Поднос" æмæ "Сани" сфæлтæрынмæ, — дзырдæуы хъусинаджы.

Артилеристтæ бафидар кæндзысты нырыккон хæцæнгæрзты дæнцтæй пайда кæныны зонындзинæдтæ, мотоæхсæн æмæ танкон дæлхæйттимæ, уæлдæфон хъахъхъæнынады дæлхæйттимæ æмæ авиациимæ æмгуыстад.

Ног хабӕртты лентӕ
0