УФ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ хъавыдысты РХИ-мæ мæнг паспорттæй ӕрбахизын

© Sputnik / Диана КозаеваХуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæн
Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ фæткхалæджы ныхмӕ баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæн сæттыны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæныл æрцахстой дыууæ уæрæсейаг æмæ гуырдзыстойнаг æмбæстаджы, кæцытæ бафæлвæрдтой æнæзакъонон æгъдауæй райст хуссарирыстойнаг паспорттæй арæныл рахизын, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УФ Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон управленийы пресс-службæ.

Ведомствӕйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, азы райдайæнæй фæарæхдæр сты уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" хуссарирыстойнаг æмбæстаджы паспорттæй паддзахадон арæн сæттыны цаутæ.

"Февралы æрцахстæуыд Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты, кæцытæ арæйнаг контролыл бавдыстой Хуссар Ирыстоны паспорттæ. Равзæрсты рæстæджы рабæрæг, Гуырдзыстоны æмбæстаг документ кæй балхæдта æбæрæг фыдгæнджытæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны уылты бафта Гуырдзыстонмæ. Уæрæсейы æмбæстагмæ дæр уыд æнæзакъонон паспорт", — загътой арæнгæрон управленийы пресс-службæйы.

Арæнсæтджыты ныхмæ баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ.

Арæнгæрон управленийы къухдариуæгад æрсидт Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæм, цæмæй хъусын кæной арæныл æнæзакъонон æгъдауæй ахизыны фактты фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0