Хуссарирыстойнаг артисттӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ахӕсдзысты "Ныййарӕджы кадӕг"

© Фото из архиваТрагеди "Ныййарӕджы кадӕг"
Трагеди Ныййарӕджы кадӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди "Ныййарӕджы кадӕг" труппӕ равдисдзӕн 9 апрелы Ирон театры. Иу бон раздӕр та ацы спектаклы скъуыддзаг равдисдзысты Кинойы азы бакӕныны церемонийы рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ равдисдзӕн спектакль "Ныййарӕджы кадӕг" Дзӕуджыхъӕуы, фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Къацты Филипп.

"Ныййарӕджы кадӕг" у гуырахстджын пьесӕ, архайы дзы театры актерты фылдӕр хай. Пьесӕ Дзӕуджыхъӕумӕ кӕй хӕссынц, уымӕ гӕсгӕ ацы къуыри Хуссар Ирыстоны спектакльтӕ ӕвдыст нӕ цӕуынц.

"Театры труппӕ равдисдзӕн Стыр Фыдбӕстӕйон хӕстыл фыст трагеди "Ныййарӕджы кадӕг" 9 апрелы Ирон театры. Иу бон раздӕр та ацы спектаклы скъуыддзаг равдисдзысты Кинойы азы бакӕныны церемонийы рӕстӕджы", — загъта Кацты Филипп.

Гаглойты Владимиры пьесӕ "Ныййарӕджы кадӕг"-мӕ гӕсгӕ спектакль Хуссар Ирыстоны сценӕйыл сӕвӕрдта режиссер Дзуццаты Тамерлан. Спектаклы ӕвдыст цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы ирон бинонты трагикъон хъысмӕт — ныййарӕгӕн йӕ авд фыртӕй хӕсты быдырӕй иу дӕр нал ӕрыздӕхт.

Ног хабӕртты лентӕ
0