Цхинвалы ацыдысты зынгвæдисонты ахуыртæ

© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгвæдисонты ахуыртæ
Зынгвæдисонты ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты зынсирвæзттæ арæх не сты. Фæлæ сыгъдхуыссынгæнджытæ хъуамæ сæ фæлтæрддзинад ма сафой, нымайынц Уæлвæткон уавæрты министрады.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Бирæуæладзыгон хæдзæртты зынгсирвæзттæ хуыссын кæнын æмæ адæмы фервæзын кæныны фæдыл ахуыртæ ацыдысты сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы Цхинвалы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады.

"Ахуырты рæстæджы спайдагонд æрцыд сæрмагонд ирвæзынгæнæн дыстӕй. Уыдон ацыдысты майы Уæлвæткон уавæрты министрады дæлхæйттæн цы иумæйаг ахуыртæ уагъд цæудзæн, уыдон фæлгæтты. Зынгвæдисонтæ фенын кодтой хорз фæстиуджытæ сæрмагонд фæрæзтимæ кусынæй", — загъта Sputnik РХИ УУМ-ы тыхтæ цæттæ кæныны хайады сæргълæууæг Куымæридтаты Петр.

© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгвæдисонты ахуыртæ
Зынгвæдисонты ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Зынгвæдисонты ахуыртæ
© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгвæдисонты ахуыртæ
2/3
Зынгвæдисонты ахуыртæ
© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгвæдисонты ахуыртæ
Зынгвæдисонты ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Зынгвæдисонты ахуыртæ
1/3
Зынгвæдисонты ахуыртæ
2/3
Зынгвæдисонты ахуыртæ
3/3
Зынгвæдисонты ахуыртæ

Уый ма загъта, бирæуæладзыгон хæдзæртты зынсирвæзттæ арæх кæй не сты, фæлæ сыгъдхуыссынгæнджытæ хъуамæ сæ фæлтæрддзинад ма сафой æмæ бахъуыды рæстæджы рæвдз æмæ эффективонæй кусой адæмы æмæ сæхи фервæзын кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0