Ацы Уæлахиз æрхаста… Тедеты Сева

© семейный архив С. ТедееваСтыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Тедеты Сева
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Тедеты Сева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
9 майӕн нывонд Sputnik Хуссар Ирыстоны проекты фæлгæтты, Кокойты Каринæ радзырдта йæ дадайы – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæджы истори.

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Фыдыбæстæйон хæст, куыд бирæ рис ис ацы ныхасы…Нæ дадатæ æмæ нанатæ рацыдысты ацы зындон æмæ сæ цардæй махæн балхæдтой рухс сомбон. Уыдон сты стыр хъаруйы хицау адæмы фæлтæр æмæ сæ мах хъуамæ ма рох кæнæм æнустæм.

Æз уын радзурдзæн диссаджы истори мæ дада — Тедеты Сева Естъайы фырты тыххæй, кæцы райгуырд 1922 азы 15 сентябры Ерцъойы хъæуы. 1942 азы уый йе ‘фсымæртимæ ацыд фронтмæ йæ Райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ. Фыццаг уал хæстмæ ацыд мæ дадайы хистæр æфсымæр, фæлæ уæззау цæф кæй фæцис, уый тыххæй йæ рарвыстой хæдзармæ. Поездыл цæугæйæ йын фæндагамонæг загъта, ома знон ацы поездыл фронтмæ та ацыд цавæрдæр Тедеты Сева Естъайы фырт. Уый фехъусгæйæ хистӕр ӕфсымӕр аздæхт фæстæмæ хæстмæ æмæ уый адыл нал æрæздæхт.

1942 азы дада фæцæф ис æмæ йе ‘фсымæримæ бахауд уацары. Уыдон уыдысты концлагеры, цыран уыд мин ахæстæй фылдæр, хистæртæ иу мæй кæнæ къуыри цалдæр хатт ракодтой ахæстæтты æмæ иу дзы цалдæры фехстой. Амардтой, кæй иу сæ бафæндыд, уыдон. Афтæ рацыд æртæ азы æмæ ахæм уавæрты дæр адæмы уырныдта, Хуыцау сын кæй баххуыс кæндзæн æмæ уыдон ныздæхдзысты сæ хæдзæрттæм, фембæлдзысты сæ хиуæттыл, уарзон адæмыл. Уый сын дæтта тыхтæ æмæ сын тавта се уæнгтæ уæззау æмӕ уазал бонты. Æмæ удæгасæй кæй баззадысты, уый дæр диссаджы хабарæй дарддæр схонæн ницы ис.

Иухатт сæм æрцыд ахæм хабар — цалдæр ироны бадзырдтой алидзын. Мæ дада йе ‘фсымæримæ æндæр æмæ æндæр концлагерты кæй уыдысты, уый тыххæй сын бастдзинад уыд æхсæнылæгты фæрцы. Нывæзт уыд ахæм: цалхыдзаг мæйы рæстæджы мæ дадамæ хъуамæ бацæуа медицинон хо — уый та уыдзæн лидзыны рæстæг кæй æрцыд, уый нысан. Фæлæ рауад афтæ æмæ мæ дадамæ ничи бацыд… Афтæ баззад концлагеры. Дыккаг бон чидæр æвзаг бахаста, дада дæр кæй хъавыд йе ‘фсымæримæ алидзын, кæцыйæн бантыст знаджы къухтæй алидзын æндæр ахæстытимæ. Фашисттæ йын алы фыдмитæ кодтой, цæмæннæ алыгътӕ де ‘фсымæримæ, зæгъгæ. Уый сын дзуапп кодта, зæгъгæ ницы зыдтон. Фашистты нæ уырныдтой йæ ныхæстæ, фæлæ мæ дада дзуапп дæтта: "Æз фæскомцæдисон дæн", бамбарын сын кодта, цасфӕнды фыдæвзарæнтæ йын ма кæной, уæддæр кæй никæй рахъæр кæндзæн. Рахастой йын мæлæты тæрхон.

Атылдис ын, концлагеры æндæр ахæстыты æхсæн кæй æмбæхст. Цы къомандæгæнæг æй агуырдта, уый та иу куы æрбацыд, уæд та иу йæ цæсгом чъизийæ байсæрста, цæмæй йæ ма базоной. Йæхи хуыдта Тадтатæй. Афтæ цыдысты бонтæ, æмæ та радон хатт командæгæнæг куы æвзæрста кæй амара, уæд йæ къухæй бацамыдта мæ дадамæ. Ахæм уысмты адæймагæн йæ ныфс куы асæтты, куы бамбары фервæзæн кæй нал ис, уæд хъуыдыты фæстаг хъæбыс фӕкæны хиуæттæн… Уыцы уысм æрцыд, историйы цыд цы фæивта, уый — Уæлахиз! Концлагеры сæрты атахт советон авиаци, немыцæгтæ уацайрæгтыл нал ахъуыды кæнгæйæ фæлыгъдысты. Афтæ мæ дада мæлæтæй аирвæзт æмæ æрæздæхт хæдзармæ. Куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, афтæ йæ схорзæхджын кодтой медæлттæй, мæлгæ та акодта 56 кардзыдæй, 1978 азы.

Мæ бон æй зæгъын нæу, куыд сæрыстыр дæр ацы адæймагæй, ахæм адæмы фæрцы мах стæм удæгас æмæ нын алцыдæр ис. Никуы сæ хъæуы рох кæнын æмæ Хуыцаумæ цал хатты кувæм, уал хатт хъуамæ уарæм сæ нæмттæ дæр. Уавæрæй пайдагæнгæйæ мæ фæнды зæгъын бузныджы ныхæстæ нæ ивгъуыд бонтæ æмæ сомбоны тыххæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн!

Ног хабӕртты лентӕ
0