Ацы Уæлахиз æрхаста… Ходты Хазби

© Sputnik / Алексей КовалевПроект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"
Проект Ацы Уæлахиз æрхаста… - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
9 майӕн нывонд Sputnik Хуссар Ирыстоны проекты фæлгæтты Тадтаты Тамерлан радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ хæстæджы хайадисты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Мæ мады æфсымæр Ходты Хазби Петры фырт 1941 азы бархийæ ацыд хæстмæ. 1943 азы уый æбæрæгæй фесæфт, уæдæй фæстæмæ дзы йæ бинонтæ ницыуал æрæхъуыстой.

Берлин сисыны фæстæ, йе ‘мполкъон (йæ ном ын нал хъуыды кæнын), радзырдта мæ хæстæджытæн, зӕгъгӕ, иу æхсæвыгон Краснодары цур казармæ немыцæгтæ кæй зæххимæ сраст кодтой æмæ Хазби фæмард уым. Уыцы нæлгоймаг нын фидарæй загъта, Хазбийы йæхи цæстæй кæй федта мардæй.

Чысылæй фæстæмæ æз бирæ хъуыстон Хазбийы тыххæй, тынг мæ фæндыд уый хуызæн суæвын, фæлæ мын, мæ мады ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хазбиимæ ницы иудзинад ис — уый ахуыр кодта иттæг хорз нысæнттыл, æз та скъолайы бонæджы "дыууæ"-тæй дарддæр ницы хастон.

© Архивное фотоАнкетӕ
Анкета - Sputnik Хуссар Ирыстон
Анкетӕ

Мæн, цæмæдæр гæсгæ, нæ уырныдта Хазбийы мæлæт. Фидарæй мӕ уырныдта, кæй бахаудта уацары, уый фæстæ алыгъд концлагерæй, ныххæццæ Америкæмæ æмæ ссис миллионер. Мæ бæллиц уыд, цæмæй уый искуы æрцæуа исты зынаргъ машинæйыл æмæ "ме мбæлтты цæст рахауа, куы мæ тезгъо кæна ууыл".

Фæстæдæр мæ мады хистæр хо райдыдта активонæй агурын йæ фесæвæг æфсымæры æмæ цавæрдæр рæстæджы фæстæ фехъусын кодта, кæй у ныгæд Краснодары цур иу хъæуы.

Ходты Хазби уыд поэт, фыста æмдзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Йæ чиныг дæр нæм уыд — тæнæг, фæлмæн цъары. Æцæг нал зонын, цы фæцис.

Мæ мады æфсымæр Ходты Хазбийы тыххæй чысыл информаци ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг æмæ æбæрæгæй фесæфæг хъахъхъæнджыты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министры сайтыл дæр (Мемориал).

Ног хабӕртты лентӕ
0