Ацы Уæлахиз æрхаста… Тасойты Варварæ

© Sputnik / Алексей КовалевПроект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"
Проект Ацы Уæлахиз æрхаста… - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект Sputnik Хуссар Ирыстоны фæлгæтты классикон шансон æххæстгæнæг Тасойты Игорь радзырдта йе ввахс хиуæтты хайбавæрды тыххæй Уæлахизы хъуыддагмæ.

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад истой мæ фыд Тасойты Ефим æмæ йе ‘фсымæр, Тасойты Георгий. Георгий ныххæццæ Берлинмæ, мæ фыд араст ис фронтмæ йæ фæдыл. Æфсадмæ йæ нæ истой, азтæ йыл фаг кæй нæ цыд, уый тыххӕй, фæлæ йæ уый нæ баурæдта. Райгуырды фæдыл æвдисæндары уый рараст кодта йæ райгуырды датæ æмæ ссис 1925 азы гуырд.

Фæнды мӕ радзурын сæ хо, Тасойты Варварæйы тыххæй. Уый кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты нæ хæцыд, уæддæр йæ хъæбатырдзинад хъуамæ макуы уа рох.

© Архивное фотоТасойты Варвара
Варвара Тасоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Варвара

Ацы сылгоймаджы æхсар æмæ ныфсхастдзинадæй æз дæн сæрыстыр. Уый уыд Гуфтайы хъæуы хуымæтæг цæрæг. Йæ цардæмбал, Битеты Христофор хæцыд фронты. 1943 азы иу бон уый йæ райгуырæн хъæуы сæрмæ суыдта парашют. Парашютист уыд советон æфсæддон дарæсы æмæ дзы зын базонæн уыд знаджы. Варварæ йæхи бааууон кодта бæласы фæстæ æмæ банхъæлмæ каст уый йæ къæхтæ кæд авæрдзæн зæххыл. Уыдис æм чысыл сылгоймаджы пистолет. Немыцаг ныхас фехъусгæйæ, уый фæныфсджын æмæ уацары бакодта фрицы. Варварæ йæ сбаста æмæ йæ ныккодта Цхинвалы æфсæддон комендатурæмæ.

Хæсты фæстæ уый бирæ рæстæг фæкуыста цхинвайлаг ЗАГСы сæргълæууæгæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0