Автобус Цхинвал — Ленингор афæлдæхт трассæйыл, фæмард ӕртӕ адӕймаджы

© Sputnik / Ада БагианДменисы трассæ
Дменисы трассæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дæсгай адӕймӕгтæ цæфтæй сты Цхинвалы рынчындоны. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, сæ иу ис тынг уæззау уавæры.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Цхинвалæй райценрт Ленингормæ цæуæг рейсон автобус фæфæлдæхт, ис дзы зиæнттæ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы.

Æнамонд цау æрцыд трассæйы 30-æм км, Гореты хъæуы цур. Бынаты цы ирвæзынгæнджытæ кусы, уыдон ныхæстæм гæсгæ, автобус серпантиныл ахаудта трассæйæ æмæ сæмбæлд бетонæй æмбондыл.

"Автобус фæфæлдæхт райсом 8:30 сахатыл. Йӕ мидӕг уыд 24 адæймаджы, ӕртӕйӕ фæмард сты", — фехъусын кодта ведомствӕйы кусæг.

Цхинвалы рынчындонмӕ аварийы бынатӕй ӕрластой дæсгай адӕймӕгты цæфтæй. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, сæ иу ис тынг уæззау уавæры.

Иу версимæ гæсгæ аварийы аххосæг уыд мигъ, кæцы райсом уыд трассæйыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0