Цхинвал – Ленингоры трассӕйыл аварийы фӕмард сты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ

© Sputnik / Мария КотаеваЦхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы ма иу адӕймаджы трагедийы бынаты агурынц уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) ирвӕзынгӕнджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Цхинвалӕй Ленингормӕ трассӕйы цы автобус афӕлдӕхт, уый бӕлццӕттӕ уыдысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, фехъусын кодтой Sputnik рынчындоны.

Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнӕнтӕм гӕсгӕ, трагеди ахаста ӕртӕ адӕймаджы цард, дӕсгай адӕймӕгтӕ та бахаудтой рынчындонмӕ, уыдонӕй иу ис уӕззау уавӕры. Ноджы ма иу ӕфсӕддоны ныртӕккӕ агурынц УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ трагедийы бынаты.

Авари ӕрцыд трассӕйы 30-ӕм километрыл, Гореты хъӕумӕ хӕстӕг. Бынаты цы ирвӕзынгӕнджытӕ куысынц, уыдон бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, автобус ахаудта дӕлбыл ӕмӕ сӕмбӕлд бетонӕй ӕмбондыл.

Аварийы аххосаг гӕнӕн ис ӕмӕ уыдаид ӕвӕзӕр боныгъӕд, райсомӕй фӕндагыл уыд мигъ.

Ног хабӕртты лентӕ
0