Адæмон сфæлдыстады равдыст байгом Цхинвалы

© Sputnik / Наталья БосиковаАдæмон сфæлдыстады равдыст
Адæмон сфæлдыстады равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдысты сæ куыстытæ адæмы размæ рахæсдзысты Габуты Нанули, Коцты Дженни æмæ Кæсæбиты Андрей.

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Адæмон сфæлдыстады равдыст байгом Цхинвалы майрæмбоны. Хуссарирыстойнаг нывгæнджытæ — нывæфтауджытæ сæ хъæдæрмæгæй куыстытæ рахстой аив куыстыты табугæнджыты размæ.

Æрмдæсны: аивадæй мулк саразæн нæй

Æрмдæсны Коцты Дженнийы ныхæстæм гæсгæ, æрмдæсныйæн у тынг нысаниуæгджын, йе сфæлдыстад куы ссары фæндаг табугæнджыты зæрдæтæм.

"Кæд æмæ мæ куыстытæн фыццаг хатт нæй равдыст, уæддæр мын æхсызгон у, не ‘мбæстæгтæн арæхдæр кæй фæзыны фадат адæмон æрмдæсныты сфæлдыстадимæ базонгæ кæнынӕн. Уый нын тынг ахсджиаг у", — загъта Дженни.

Равдысты ма хайад исынц Габуты Нанули æмæ Кæсæбиты Андрейы куыстытæ адæмон сфæлдыстады дыууæ хуызы — хъæдæрмæгыл нывæфтыд æмæ хъæдæрмæгыл зынгӕй ныв кӕнын.

© Sputnik / Наталья БосиковаАдæмон сфæлдыстады равдыст
1/3
Адæмон сфæлдыстады равдыст
© Sputnik / Наталья БосиковаАдæмон сфæлдыстады равдыст
2/3
Адæмон сфæлдыстады равдыст
© Sputnik / Наталья БосиковаАдæмон сфæлдыстады равдыст
3/3
Адæмон сфæлдыстады равдыст
1/3
Адæмон сфæлдыстады равдыст
2/3
Адæмон сфæлдыстады равдыст
3/3
Адæмон сфæлдыстады равдыст

Равдысты уазджытæ лæмбынæг ахуыр кодтой алы куыст дæр, истой сын сæ къамтæ æмæ сæ тæлмæнтæ дих кодтой социалон хызæгты пайдагæнджытимæ.

"Адæмон сфæлдыстадон амалиуджытæ сты националон бынты æмæ нæ адæмы хæдбындур культурæйы ахсджиаг хай. Мæнæн тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты бирæ куыстытæ æмæ мæ дзы фæнды кæцыдæртæ балхæнын", — загъта равдыстмæ æрбацæуджытæй иу.

Ӕрмдӕсны Дженни: дыккаг хатт куы райгуырин, уӕддӕр равзарин хъӕдӕрмӕджы куыст

Мадзалы организатор уыд социалон нысаниуæгджын мадзæлттæ цæттæ кæныны æмæ ауадзыны комитет. Къамисы уæнг, президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ радзырдта Sputnik адæмон сфæлдыстады нысаниуæджы тыххæй.

"Къамисы сконды сты сфæлдыстадон адæм, уымæ гæсгæ нын ацы равдыст уыд тынг нысаниуæгджын — цæмæй ардæм æрбацæуджытæ банкъарой уарзондзинад æмæ хъармы æндæвдад, кæцытæ цæуынц æрмдæснынты куыстытæй, уымæн æмæ дæснытæн сæ фылдæр сты сылгоймæгтæ", — загъта уый.

Адæмон амалиуджыты палитрæ феныны фадат уыдзæн 27 майæ 31 маймæ 10-18 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0