Хуссар Иры нысан кӕнынц Зӕрдӕвӕрӕн - Чырыстийы Ссæуæн Уæларвмæ

© Sputnik / Ада БагианМадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы
Мадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕрдӕвӕрӕн ирон адӕммӕ нысан кӕны, ома Йесо Чырысти йӕ Уæларвмæ Ссыдӕй зӕрдӕ бавӕрдта, ныфс радта удыгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр, кӕй ссӕудзысты Уӕларвон паддзахадмӕ ӕмӕ кӕй фембӕлдзысты Хуыцауимӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Иры цыппӕрӕмы нысан кӕнынц Йесо Чырыстийы Уæларвмæ Ссæуæн бон. Ирон адӕммӕ ацы бӕрӕгбон хуыйны Зӕрдӕвӕрӕн. Бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы аргъуанты цӕуынц Хуыцаумӕ скуывдтӕ.

Зӕрдӕвӕрӕн ӕрвылаз дӕр ӕрхауы цыппӕрӕммӕ ӕмӕ йӕ рагон ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нысан кӕнынц куадзӕнӕй дыууиссӕдз боны фӕстӕ.

"Зӕрдӕвӕрӕн ирон адӕммӕ нысан кӕны, ома Йесо Чырысти йӕ Уæларвмæ Ссыдӕй зӕрдӕ бавӕрдта, ныфс радта удыгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр, кӕй ссӕудзысты Уӕларвон паддзахадмӕ ӕмӕ кӕй фембӕлдзысты Хуыцауимӕ", — радзырдта Sputnik Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг фыд Иаков Хетӕгкаты. 

Аннӕрдыгӕй та зындгонд ирон ахуыргонд, профессор Плиты Гацыр нымайы, Зӕрдӕвӕрӕн кӕй равзӕрд дыгурон диалекты дзырд "зӕлдӕ"-йӕ, кӕцы нысан кӕны ног нӕу.

Ларгъвисы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны дыууӕ хайы Дзуары лæгтæ сарӕзтой иумӕйаг совет

"Ацы бон-иу ног зианджытӕ сӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмы ӕххуысӕй зылдысты сӕ уӕлмӕрдтӕм. Агуырдтой, марды риуыл чи аххӕсса, ахӕм къӕйдур. Мардӕн йӕ къӕхты ӕрдыгӕй ӕмӕ йӕ нывӕрзӕны дӕр сагътой хъил дуртӕ. Ингӕнӕй-иу цы сыджыт скалд, уый тымбыл кодтой йӕ риуыл ӕмӕ уый сӕрыл та ӕвӕрдтой нӕутӕ. Дыгуронау уыцы нӕу хуыйны "зӕлдӕ". Ардыгӕй рацыд йӕ ном дӕр — ома, зӕлдӕ ӕвӕрӕн", — загъта профессор.

Уый ма бафиппайдта, уӕдӕй нырмӕ зианы стыр бонтӕ аразыны хъуыддаджы кӕй ӕрцыд стыр ивындзинӕдтӕ.

"Ныр Зӕрдӕвӕрӕны кусарт ӕмӕ фынг куыд кӕнынц, афтӕ ирон адӕммӕ никуы уыд", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0