Sputnik сæвæрдта цырт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджытӕн

© Sputnik / Александр Становов /  Ахизын медиабанкмæСтыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цырт у, хосдзаутӕ фронтмæ ацыды размæ цы инсталляци сарæзтой, раст уый хуызæн. Мемориал иууылдӕр арæзт æрцыд Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты тыхтæй.

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik Пресс-службæ. Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианыл 75 азы сæххæсты бонмæ бакодта мемориал Дзауы районы Теделеты хъæуы 18 хосдзауы номыл, кæцытæ ацыдысты фронтмæ хосгæрдæны рæстæджы — 1941 азы июлы.

Цырт арæзт у бæласыл æвæрд 18 цæвæгæй æмæ у, цæвджытæ фронтмæ ацыды размæ цы инсталляци сарæзтой, уый хуызæн. Цырты цур мемориалон фæйнæгыл фыст сты хæсты фæмардуæвæг хæстонты нæмттæ. Мемориал æрцыд арæзт Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты тыхтæй хъæуы цæрджыты активон хайадистæй.

"18 цæвæджы историимæ æз æмæ Sputnik Хуссар Ирыстоны редакцийы кусджытæ базонгæ стæм проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…" реализацийы рæстæджы. Нæ зæрдæмæ йæ айстам тынг æввахс. Æмæ уæд аскъуыддзаг кодтам саразын мемориал æмæ йæ снывонд кæнын Стыр Фыдыбæстæйон хæст райдайыны бонæн", — радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян.

Баззайгæ историмæ гæсгæ, хæст куы райдыдта, уæд хосдзаутӕ æрцауыгътой сæ цæвæгтæ æввахс бæласыл æмæ араст сты райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ахæм ныхæстимæ: "Æрыздæхдзыстæм æмæ кæронмæ карст фæуыдзыстæм". Уыдонæй ничи æрæздæхт райгуырæн хъæумæ, фæлæ сæ истори ныры онг дæр у удыгас.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0