ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Туристон сезоны байгомимӕ Хуссар Ирыстоны Арӕнгӕрон службӕ республикӕйы цӕрджыты ӕмӕ уазджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, туристтӕм цымыдис цы хъӕутӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдоны иу хай кӕй ис арӕнгӕрон зонӕйы.
ПӔК-ы пресс-службӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй республикӕйы паддзахадон арӕны уылты арӕнгӕрон зонӕ сӕвӕрыны ӕмӕ йӕ хӕрзарӕзты мадзӕлтты фӕдыл хицауады уынаффӕйы фӕстаг барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ, бацыд цы хъӕутӕм у регламентацигонд, уыдон номхыгъд фӕуӕрӕхдӕр.
"Туристон сезон бакӕныны агъоммӕ ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕ сиды республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм, Уӕллаг Ерманы хъӕу ӕмӕ Дзауы районы Хъелы цад кӕй сты ӕвӕрд арӕнгӕрон зонӕйы", — загътой пресс-службӕйы.
Ведомствӕйы ма банысан кодтой, Дзауы районыл туристон балцы цӕуыны рӕстӕджы зӕрдыл дарын хъӕуы, кӕцыдӕр ӕрдзон ӕмӕ культурон-историкон объекттӕн кӕй ис арӕнгӕрон зонӕйы статус.
"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы районы уӕвынад, афтӕ ма паддзахадон арӕнмӕ ӕнгом хӕдзарадон архайд кӕнын ӕвӕры ӕмбӕстӕгтыл бӕлвырд хӕстӕ ӕмӕ арæнæвæрдтӕ", — банысан кодтой уагдоны.
ПӔК-ы банысан кодтой, пропусктӕ райсыны тыххӕй бахатын кӕй хъӕуы Арӕнгӕрон службӕмӕ Цхинвалы, кӕнӕ та Арӕнгӕрон службӕйы дӕлхайадмӕ Дзауы поселочы.