Ног микрорайоны фатертæ райсдзысты бирӕ ӕзты рады лæууæг адæм

© Sputnik / Наталья БосиковаЦхинвалы арæзтцæуæг микрорайон
Цхинвалы арæзтцæуæг микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног цӕрӕнуӕттӕ уæрст æрцæудзысты, бирæ æзты дæргъы радты чи лæууы, афтæ ма бирæсывæллонджын бинонтæн, фехъусын кодта Хуссар Иры хицауады сæрдар.

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Цхинвалы арæзтцæуæг микрорайоны фатерты хицау бауыдзысты, горæты цæрджытæй бирæ æзты дæргъы радты чи лæууыд, уыдон, фехъусын кодта журналисттæн хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

"Хъайтарты уынгыл арæзтцæуæг бирæфатерон хæдзæрттæ уæрст цæудзысты, бирæ æзты дæргъы радты чи лæууынц, уыцы ӕмбæстæгты хсæн, афтæ ма бирæсывæллонджын бинонтæн, кæцытæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц æмæ сæм æмбæлгæ дæр кæны", — загъта премьер-министр.

Арӕзтад Цхинвалы уынгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы уынгты ӕмӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты сæндидзыдтой арæзтадон куыстытæ

Уый ма банысан кодта, арæзтадон куыстыты темпытæ кӕй фæкъуыхцы сты, æрмæг фæстиæттимæ ласт кæй цыд, уый аххосагæн.

"Хæдзæртты каркас цы æрмæгæй арæзт цæуы, уый æрласыны хъуыддаджы фæзынд проблемӕтæ, уымæ гæсгæ рæстæгмæ арæзтад цыд къуыхцытимæ. Фæлæ уын фидарæй ныфс дæттын, финансон фæрæзтæ рахицæн кæныны хъуыддаджы кӕй ницы цæлхдуртæ ис", — бафтыдта йæ ныхæстæм Хъуылымбегты Доменти.

Хъайтарты уынгыл цæрæн комплексы арæзтад райдыдта 2015 азы. Ацы азы Инвестицион нывæзты йæ арæзтадæн хицæн æрцыд 425 милуан сомы, æмткæй та æртæ азы дæргъы бахардз кæндзысты иу миллиард сомы. Комплексы арæзт æрцæудзæн 200 фатеры.

Ног хабӕртты лентӕ
0