Ирон аивады ӕнӕхиндзинад ӕмӕ примитивондзинад равдисдзӕн Галерея А3

© Архив Цопана ГассиеваМалтъызты Ольгайы куыстытӕ
Малтъызты Ольгайы куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыст байгом уыдзӕн Галерея А3 ӕрвылазон августон фестиваль "Хуссар Ирыстон"-ы фӕлгӕтты, мӕскуыйаг аивадурзӕджы базонгӕ кӕндзысты ирон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстадимӕ.

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Мӕскуыйаг аивадурзӕджы базонгӕ кӕндзысты ирон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстадимӕ. Равдыст "Ӕнӕхиндзинад хуымӕтӕг. Ӕнӕхиндзинад вазыгджын" байгом уыдзӕн Галерея А3 ӕрвылазон августон фестиваль "Хуссар Ирыстон"-ы фӕлгӕтты, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор Гасситы Цопан.

Саулохты Георгий: аивад ӕмӕ спорты фӕрцы Хуссар Ирыстоны ном айхъуысит дунейыл

"Ӕрвылазон августон фестиваль "Хуссар Ирыстон" дарддӕр зонгӕ кӕны мӕскуыйаг аивадуарзӕджы нӕ чысыл рӕсугъд бӕстӕйы культурӕимӕ. Ацы хатт аиваруарзджыты размӕ рахӕсдзысты Ирыстоны аивады цымыдисон ӕмӕ хӕдбындур къабаз: ӕнӕхиндзинад ӕмӕ примитивондзинад", — загъта Гасситы Цопан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ирон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты сфӕлдыстадӕн, кӕцытӕ архайдтой 19-ӕм ӕнусы кӕрон — 20-ӕм ӕнусы райдайӕны, стыр ӕндӕвдад уыд ирон нывгӕнджытыл. Ирыстоны нывгӕнджытӕ, скульптортӕ ӕмӕ ӕрмдӕснытӕ пайда кӕнынц ӕнӕхиндзинады элементтӕй.

"Нӕ композицийы иу хай сты профессионалон нывгӕнджытӕ, кӕцытӕ сӕ сфӕлдыстады спайда кодтой адӕмон дӕсныты ссарӕгӕгтӕй: Малтъызты Ольга, Гасситы Ӕхсар, Бежанты Вадим, Гасситы Сергей, Томайты Сергей ӕмӕ ӕндӕртӕ. Равдысты "апп" та сты ӕцӕг ӕнӕхин нывгӕнджытӕ", — загъта Гасситы Цопан.

© Архив Цопана ГассиеваИрон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстад
Ирон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстад - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Ирон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстад
© Архив Цопана ГассиеваИрон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстад
Ирон адӕмон дӕсны-дурылнывӕфтауджыты ӕмӕ нывгӕнӕг-примитивистты сфӕлдыстад - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Уый банысан кодта, ирон ӕнӕхин аивады патриарх Едзиты Сосланбеджы ном хорз зонгӕ у Уӕрӕсейы, фӕлӕ ахӕм нӕмттӕ, куыд Кӕркуысты Сикъо, Сабанты Хаджумар ӕмӕ Джыккайты Борис Мӕскуыйы ӕвдыст уыдзысты фыццаг хатт.

"Равдысты сӕйраг нысан у — ирон скульптор Кӕркуысты Сикъойы сфӕлдыстадон бынтӕм хъусдард аздахын, кӕцытӕ сты фесӕфыны къӕсӕрыл", — банысан кодта организатор.

Равдыст уагъд цӕудзӕн 21 июлӕй 14 августы онг Мӕскуыйаг равдыстон залы "Галерея А3" ахӕм адресыл: Мӕскуы, Староконюшенный пер., 39 хӕдзар.

2015 азы ӕрвылазон августон фестиваль "Хуссар Ирыстон"-ы фӕлгӕтты "Галерея А3"-йы уагъд ӕрцыд ӕрыгон хуссарирыстойнаг чызджытӕ-нывгӕнджыты равдыст "Республикӕйы ӕмбӕйттӕ".

Ног хабӕртты лентӕ
0