Парламент хорзыл банымадта Плиты Беллӕйы кандидатурӕ ЦӔК-ы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты минӕвар парламенты Козаты Мадинӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, Плиты Беллӕ цыппӕрӕм ӕмгъуыдмӕ ӕвзӕрст кӕй цӕуы, уый дзурӕг у, йӕ архайдӕн кӕй цӕуы арӕзт бӕрзонд аргъ, ӕмӕ президент куры йӕ кандидатурӕйы фарс рахӕцын.

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум майрӕмбоны хорзыл банымадта Плиты Беллӕйы кандидатурӕ республикӕйы Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕджы (ЦӔК) бынатмӕ.

Плиты Беллӕйы кандидатурӕ раздӕр раразмӕ кодта президент Тыбылты Леонид, уымӕн ӕмӕ августы кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн йӕ ӕххӕстбарты ӕмгъуыд.
Хуссар Ирыстоны президенты минӕвар парламенты Козаты Мадинӕ банысан кодта, Плиты Беллӕ цыппӕрӕм ӕмгъуыдмӕ ӕвзӕрст кӕй цӕуы, уый дзурӕг у, йӕ архайдӕн кӕй цӕуы арӕзт бӕрзонд аргъ, ӕмӕ президент куры йӕ кандидатурӕйы фарс рахӕцын.

Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынды комитӕты разамонӕг Коцты Олеся цыбыртӕй базонгӕ кодта депутатты Плиты Беллӕйы биографи ӕмӕ фӕллойадон архайдимӕ.

ЦӔК-ы сæрдар Плиты Беллӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент ӕркæсдзæн ЦӔК-ы ног сæрдары кандидатурæмæ

"Плиты Беллӕйы кандидатурӕ рахастӕуыд комитеты рабадтмӕ ӕмӕ ӕвӕрццаг хатдзӕгимӕ рахаст ӕрцыд парламенты президиуммӕ", — банысан кодта Коцты Олеся.

Президиумы уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой президенты бавдисгӕ кандидатурӕ. Депутатон корпусы фылдӕр хай куы сразы уа Плиты Беллӕйы кандидатурӕимӕ, уӕд уый ЦӔК-ы сӕргъ слӕудзӕн цыппӕрӕм хатт фӕд-фӕдыл.

Плиты Беллӕ загъта бузныг депутаттӕн ахӕм ӕууӕнчы тыххӕй.

Президиумы уӕнгтӕ ма ӕркастысты ЦӔК сырӕзты фарстмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ 17 августы кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн архайгӕ сконды ӕххӕстбарты ӕмгъуыд.

Спикер Бибылты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, парламенты ссесийы рӕстӕджы фехъусын кӕндзысты партитӕй кандидатты сӕрмагонд сконд.

"Ацы фарст парламенты у скъуыддзаг, принципиалон быцӕудзинад сӕрмагонд сконды тыххӕй нӕй. Нӕ кандидатты фехъусын кӕндзыстӕм парламенты радон ссесийы рӕстӕджы", — загъта уый.

Сӕрдыгон каникулты размӕ парламенты фӕстаг сесси уагъд ӕрцӕудзӕн 26 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0