"Лидер"-ы хистӕр радта Хуссар Иры минӕтӕй ссыгъдӕггонд территоритӕ

© Sputnik / Алексей КовалевМчс подписание
Мчс подписание - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ссыгъдӕггонд территоритыл ссардӕуыд 350 фылдӕр рӕмудзӕн ӕрмӕджы. Ныр ацы зӕххытыл гӕнӕн ис хъӕууонхӕдзарадон ӕмӕ арӕзтадон куыстытӕ уадзын.

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы сапертӕ фесты сӕ куыт Хуссар Ирыстоны ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕггонд территоритӕ радтой хуссарирыстойнаг коллегӕтӕм. Сыгъдӕг зӕххы фадгуыты раттын-райсыны фӕдыл акт къуырисӕры бафыстой РХИ УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей ӕмӕ "Лидер"-ы хистӕр Игорь Кутровский.

Санахъоты Сергей бузныг загъта уӕрӕсейаг специалисттӕ ӕмӕ УФ УУМ-ы къухдариуӕгадӕн сӕ бакӕнгӕ куысты фӕдыл.

"80 боны агӕпп кодтой иу уысмау, сымах цӕсгомджынӕй сӕххӕст кодтат уӕ хӕс. Уӕ куыст у тын тӕссаг, нӕ быхсы рӕдыдтытӕ. Стыр бузныг уӕ стӕм уе ‘ххуысы тыххӕй", — загъта министр.

© Sputnik / Алексей КовалевИгорь Кутровскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг сапертӕн сӕ куысты стыр ӕххуыс бакодтой хуссарирыстойнаг коллегӕтӕ
Мчс подписание - Sputnik Хуссар Ирыстон
Игорь Кутровскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг сапертӕн сӕ куысты стыр ӕххуыс бакодтой хуссарирыстойнаг коллегӕтӕ

Уый ма банысан кодта, ныр минӕтӕй ссыгъдӕггонд зӕххытыл кӕй ис гӕнӕн хъӕууонхӕдзарадон ӕмӕ арӕзтадон куыстытӕ уадзын.

"Лидер"-ы хистӕр Игорь Кутровскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг сапертӕн сӕ куысты стыр ӕххуыс бакодтой хуссарирыстойнаг коллегӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: "Лидер" кӕронмӕ бакодта Хуссар Ир минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыстытӕ

"Ардӕм ӕрцыдысты нӕ министрады иууыл цӕттӕдӕр ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр специалисттӕ, кӕцытӕ ахӕм куыст ӕнтытсджынӕй кодтой куыд Уӕрӕсейы территорийыл, афтӕ фӕсарӕнты дӕр. Хуссарирыстойнаг коллегӕтӕ нын кодтой алыварсон ӕххуыс, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕстиуӕгджын куыстмӕ уыдон дӕр бахастой стыр хайбавӕрд", — радзырдта Крутовский.

Уый ма бафтыдта, центры кусджытӕ фидӕны кӕй адарддӕр кӕндзысты сӕ куыст республикӕйы.

30 адæймаджы — уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы кусджытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ июны райдайӕны ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ӕрӕвнӕлдтой куыстытӕм Ереды хъӕуы территорийыл. Ацы куыстытæ æххæст цыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы президентты æхсæн бадзырдты æмæ дыууæ бæстæты УУМ-ы æмгуыстады нывӕзттӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0