Хуссар Иры ӕфсӕддон политикӕйы реализацийыл бакусдзӕн Ӕфсӕддон совет

© Sputnik / Руслан ТадтаевПарад Победы в Цхинвале
Парад Победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Советы сконды ис 11 адӕймаджы – министры хӕдивджытӕ, дӕлхайадты командиртӕ, управлениты ӕмӕ службӕты сӕргълӕуджытӕ. Ноджы ма дыууӕ уӕнджы хъахъхъӕндзысты президент ӕмӕ хицауады цымыдистӕ советы.

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Ӕфсӕддон совет кусдзӕн бӕстӕйы хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинад сифтонг кӕныны фӕдыл хӕслӕвӕрдтӕ реализаци кӕныныл, загъта советы рабадты рӕстӕджы хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим, хъусын кӕны къуырисӕры хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Абхазаг хæсты ирон хъайтартæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазаг хæсты ирон хъайтартæ

Республикӕйы президенты указмӕ гӕсгӕ арӕзт Ӕфсӕддон советы фыццаг рабадт уагъд ӕрцыд ивгъуыд къуыри. Совет ӕххӕст кӕндзӕн ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ, куыд паддзахадон ӕфсӕддон политикӕйы практикон реализаци, гарзджын тыхты арӕзтад ӕмӕ размӕцыд, ӕфсад хӕстон ӕмӕ мобилизацион цӕттӕдзинады фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын, сӕрмагонд сконды хӕстон ӕмӕ моралон-психологон цӕттӕдзинады бӕрзонд гъӕд сифтонг кӕнын ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.

Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕджы барамындӕй, советы сконды ис 11 адӕймаджы — министры хӕдивджытӕ, дӕлхайадты командиртӕ, управлениты ӕмӕ службӕты сӕргълӕуджытӕ. Ноджы ма дыууӕ уӕнджы хъахъхъӕндзысты президент ӕмӕ хицауады интерестӕ советы.

"Ӕфсӕддон совет бӕлвырд кӕндзӕн гарзджын тыхтӕм хауӕг ахсджиаг фарстытӕ. Уый ахъаз уыдзӕн хӕстон цӕттӕдзинад фӕуӕлдӕр кӕнынӕн, максималон ӕгъдауӕй ахъаз уыдзӕн паддзахады хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинад сифтонг кӕныны фӕдыл хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн", — хъусын кӕны Гассеты Ибрагимӕ ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Советы рабадтытыл уынаффӕ цӕудзӕн ӕрвылбонон архайды иууыл ахсджиагдӕр фарстатыл. Уымӕй дарддӕр ма, Ӕфсӕддон совет исдзӕн коллегиаллон уынаффӕтӕ дӕр, нымадмӕ исдзӕн ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр командирты ӕмӕ сӕргълӕуджыты цӕстӕнгас.

Тасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕнусон кодтой хъайтар Тасойты Иналы ном

Хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, куыстмӕ ахӕм ахаст ахъаз уыдзӕн максималон ӕгъдауӕй хъус дарын иууыл ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрдтӕм, кӕцыты райхӕлд у иууыл актуалондӕр.

Советы фыццаг рабадты бӕлвырд ӕрцыдысты йӕ нысӕнттӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ, уынаффӕ цыд, цӕмӕй Хъахъхъӕнынады министрады офицертӕ рацӕуой ахуыр Уӕрӕсейы фистӕгӕфсады иумӕйагӕфсӕддон ӕмӕ артиллерион академийы, фидаргонд ӕрцыд Хуыбылты Валерийы майданы макет.

Гассеты Ибрагим ӕрсидт советы уӕнгтӕм, цӕмӕй Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады раззагондӕр ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕттӕм офицерты ахуыр кӕнынмӕ арвитыны фарсты равдисой объективондзинад, саразой раст равзӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0