Тыбылты Леонид: уӕрӕсейаг базӕйы фӕрцы Хуссар Ирыстон у хъахъхъӕд

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæ4-ӕм ӕфсӕддон базӕ
4-ӕм ӕфсӕддон базӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Цхинвалы фембӕлд Хуссар ӕфсӕддон зылды къамандӕгӕнӕджы хӕдивӕг ӕмӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы къамандӕгӕнӕгимӕ.

ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ у стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинады фактор республикӕйы, загъта президент Тыбылты Леонид Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕмӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы разамынадимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Президент цыппӕрӕмы йӕхимӕ райста ХӔЗ-ы къамандагӕнӕджы хӕдивӕг Андрей Гурулевы ӕмӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы къамандагӕнӕг Александр Кравцовы, кӕцы ацы бынаты раивта Михаил Полищукы.

"Фидар ныфс мӕ ис, не ′мгуыстад дарддӕр дӕр кӕй арфдӕр кӕндзӕн, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисады фӕдыл бафыстгонд Бадзырды фӕрцы. Ахӕм ӕмгуыстад бирӕтӕн уаид хорз дӕнцӕг", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, республикӕйы территорийыл уӕрӕсейаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты уӕвынады фӕрцы, Хуссар Ирыстоны адӕм бирӕ рӕстӕг сӕхи ӕнкъарынц ӕдас.

Батальонные тактические учения в Чечне - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ ӕмӕ танкисттӕ ауагътой Хуссар Иры ахуыртӕ

"Абон Хуссар Ирыстоны 4-ӕм ӕфсӕддон базӕ кӕй ис, уый у стабилондзинады фактор. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты фӕрцы мах нӕхи ӕнкъарӕм ӕнцад ӕмӕ уый тынг хорз у", — загъта президент.

Уый ма равдыста ныфс, Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы ӕмгуыстад кӕй адарддӕр уыдзӕн "ацӕугӕ традициты фӕлгӕтты, нӕ бӕстӕты принциптӕ хъахъхъӕныны сӕраппонд".

Андрей Гурулев загъта бузныг президентӕн ахӕм ахасты тыххӕй уӕрӕсейаг ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕм.

"Абон мын нӕ ӕрбацӕугӕ нӕ уыд, цӕмӕй ма зӕгъон бузныджы ныхӕстӕ мӕ ног службӕйы бынатмӕ ацӕуыны агъоммӕ. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын сӕрмагондӕй Дӕуӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн нӕ иумӕйаг ахастыты ӕмбарынады тыххӕй, уӕ хъарм ахасты тыххӕй ӕрмӕст мӕнмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ ӕфсӕддонтӕм дӕр. Зӕрдӕйӕ алыхатдӕр дӕн сымахимӕ ӕмӕ алы уысм дӕр цӕттӕ дӕн ӕххуысмӕ ӕрцӕуын", — загъта уый.

Ацы августы инӕлар-лейтенант Гурулев нысан ӕрцыд ХӔЗ-ы ӕфсады къамандагӕнӕджы хӕдивӕгӕй, уый размӕ та уыд 58-ӕм ӕфсады къамандӕгӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0