Санахъоты Аннайы марӕгӕн стӕрхон кодтой дӕс азы ахӕст

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСледственный изолятор
Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъæнæг органты кусæг Къуылыхты Мурманæн стæрхон кодтой 10 азы ахæстоны фæбадын дыууæ азы размæ арæзт фыдракæнды тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Знауыры районы слесгæнæн управленийы хистæр Къуылыхты Мурманæн стæрхон кодтой дæс азы ахæстоны фæбадын Цхинвалы цæрæджы амарыны тыххæй, фехъусын кодта Sputnik зианбаййафæг фарсы адвокат Икрамжан Раматов.

Санахъоты Мурман азым цыд Санахъоты Аннайы амарыны хъуыддаджы. Сылгоймаг амард 2014 азы ноябры, йæ риу хæцæнгарзæй æхст кæй ӕрцыд, уый фӕстиуӕгӕн.

Сгарæн æмæ тæрхондонон куыст цыд дыууæ азы дæргъы. Йæ азымыл Къуылуыхты Мурман нæ басаст.

Тæрхондон арвыста Санахъоты Аннӕйы амарды фæдыл хъуыддаг бакуыстмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тæрхондон арвыста Санахъоты Аннӕйы амарды фæдыл хъуыддаг бакуыстмæ

Зианбаййафæг фарс азымгæнæн тæрхоныскъуыд нымайы æгæр фæлæмæныл.

"Азымджыны ахаст саразгæ фыдракæндмæ хынцгæйæ, стæй ма йæ зылыныл кæй нæ басаст æмæ барадхъахъхъæнæг органтимæ кæй не ʻмгуыст кодта, уыдӕттӕ хынцгæйӕ тæрхоныскъуыд у фæлмæн. Тæрхондоны куысты фæлтæрддзинадæй сисгæйæ ахæм уавæрты тæрхондоны уынаффæ хъуамæ уыдаид 12-143 азы ", — загъта адвокат.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуыддаг сгӕрст цыд бирӕ рӕстӕг, "фӕдагуырды рӕстӕджы рӕдыдтытӕ уагъд кӕй ӕрцыд, уый аххосагӕн".

"Раст уый тыххӕй мӕнмӕ ӕрбахатыдысты мӕ ӕууӕнкдӕтджытӕ, цӕмӕй тӕрхонгӕнӕджы хъусдард аздахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм, кӕцытӕм гӕсгӕ хъуамӕ рахастӕуыдаид зылынгӕнӕн тӕрхон. Фӕдагуырд уагъд ӕрцыд цухдзинӕдтимӕ ӕмӕ ныр цӕмӕй ахстуӕвӕджы азым сбӕлвырд кодтаиккам, уый тыххӕй нӕ бахъуыд бӕлвырдгӕнӕнтӕ мургай ӕмбырд кӕнын", — загъта Раматов.

Фӕдагуырды рӕстӕджы цы ӕмгъуыд фӕбадт, уый аппаргӕйӕ ма Къуылыхты Мурманӕн баззад аст азӕй чысыл фылдӕр арвитын ахӕстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0